Джавахишвили, Иванэ Алыксандры фырт
Иванэ Алыксандры фырт Джавахишвили (гуырдз. ივანე ჯავახიშვილი; 1876 азы 11 (23) апрелы — 1940 азы 18 ноябры; Тбилис) — гуырдзиаг историк, ССР Цæдисы Зонæдты Академийы академик, йæ ном чи хæссы, уыцы ахуырдон — Тбилисы университеты бындурæвæрæг.
Иванэ Алыксандры фырт Джавахишвили | |
---|---|
гуырдз. ივანე ალექსანდრეს ძე ჯავახიშვილი | |
Райгуырды датæ | 11 (23) апрелы 1876 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1940-æм азы 18 ноябры[1] (64 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | истори |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Зонадон разамонæг | Николай Марр |
Ахуыргæнинæгтæ | Сурен Еремян |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Къухфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Ахуыргонды цардафыст æмæ куыстыты тыххæй
ивынРайгуырдис гуырдзиаг кънйæзты бинонты. Каст фæци Бетъырбухы университеты скæсæйнаг æвзæгты факультет (1899). 1901–1902 азты стажировкæ кодта Берлины университеты. 1902-æм азæй сомихаг-гуырдзиаг филологийы кафедрæйы приват-доцент.
Йæ ахуыргæнæг Н.Я. Марримæ архайдта Синаймæ кусæн балцы. Уым ахуыргæндтæ иртæстой раггуырдзиаг къухфыстытæ.
1905-æм азы Джавахишвили ныффыста куыст «Политикон æмæ социалон архайд Гуырдзыстоны XIX æнусы», 1908-æм азы та сфæлдыста, гуырдзиаг историон зонады тынг чи сахадыдта, йæ уыцы сæйраг фæллой — «Гуырдзиаг адæмы истори» (фæстаг 4-æм том рацыди 1949-æм азы, ахуыргонды амæлæты фæстæ). «Истори» фыссынимæ æмрæстæджы арæзта бирæ чингуытæ фæрссаг дисциплинæтыл æмæ ратæдзæнтæиртасæн зонадыл (источниковедение): «Историйы нысæнттæ, ратæдзæнтæ æмæ методтæ раздæр æмæ ныр», т. 1—4, 1916—26; «Раггуырдзиаг историон литературæ», 1916; «Гуырдзиаг нумизматикæ æмæ метрологи», 1925; «Гуырдзиаг палеографи», 1926; «Гуырдзиаг дипломатикæ», 1926.
1917–1918 азты Джавахишвили уыди Тбилисы университет байгом кæныныл тохы активондæр архайджытæй иу. 1919-æм азы йæ равзæрстой университеты дыккаг ректорæй, æмæ уыцы бынатыл фæкуыста 1926-æм азы онг, цалынмæ, йæ не суæгъд кодтой, марксист кæй нæ уыди, уый тыххæй.
Уыцы азты ма уыциу рæстæг уыди Гуырдзыстоны историон-этнографион æхсæнады сæрдар (1925-æм азмæ).
1920-æм азты кæрон — 1930-æм азты ныффыста ахæм чингуытæ: «Гуырдзыстоны барады истори» (т. 1—2, 1928—29), «Гуырдзыстоны экономикон истори» (т. 1—2, 1930—1934), «Гуырдзиаг музыкæйы историйы сæйраг фарстатæ» (1938).
1937-æм азæй йæ амæлæты онг ахуыргонд куыста Шота Руставелийы номыл Музейы директорæй æмæ Цхетайы археологион экспедицийы сæргълæууæгæй. Джавахишвили уыди Фæллойы Сырх Тырысайы ордены кавалер. Йæ амæлæты фæстæ та йæ саккаг кодтой Сталины премийæ (1947).
Ахуыргонд ныгæд æрцыд Тбилисы паддзахадон университеты парчы.
Джавахивилийы ном хæссы Тбилисы паддзахадон университет, стæй Гуырдзыстоны Зонæдты Академийы цур Историйы институт.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 Джавахишвили Иван Александрович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.