Арахъхъ кæнæ тæбыны дон[1], цуанон æвзаг (дыгурон диалект): цъæхцъиргæ[2] — исты халсарæй (мæнæу, нартхор, цæхæра æ.æ. ахæмтæй) кæнæ дыргъæй кæй фæуадзынц, ахæм алкоголон нозт.

Ирон мифологи ивын

Таурæгътæм гæсгæ, ирон адæмы арахъхъ кæнын хæйрæджытæ сахуыр кодтой. Уый тыххæй иу таурæгъ афтæ зæгъы: «иуахæмы Хуыцау уæларвцæрджытæн бахæс кодта алы мыггаг нозтытæ скæнын. Иутæ дзы сфыхтой бæгæны, иннæтæ скодтой сæн, Уацилла та — ронг. Дæлимонтæ хи хъæппæрисæй (уымæн æмæ сын Хуыцау ницы бахæс кодта) скодтой арахъхъ. Хуыцау дзы куы сахуыста, уæд æй ронджы фæстæ банымадта хуыздæр нозтыл. Хуыцау сын сæ нозтæн ахæм стыр аргъ кæй скодта, ууыл хæйрæджытæ тынг бацин кодтой æмæ уайтагъд ирон адæмы арахъхъ уадзын ацахуыр кодтой».[3]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.
  2. Хъесаты Валодя. Ирон цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаг. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2010 — 175 ф.
  3. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.