Цæхæра
Цæхæра кæнæ дзæхæра, æндæр вариант у къуымбыл[1], дыгур. къумбул (лат. Beta vulgaris) у адæмы уарзондæр хæринæгтæй иу. Аргъ та йын уымæн кæнынц, æмæ хъæздыг у урсæгтæ, æвзалыдон æмæ аскорбины туагадæй. Бирæ дзы ис æнæмæнгхъæугæ минералон цæххытæ: калий, кальций, натрий, фосфор, марганец, æфсæйнаг, йод, кобальт.
Цæхæра | ||||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||||
Домен: Паддзахад: Дæлпаддзахад: Хайад: Кълас: Къорд: Бинонад: Дæлбинонад: Трибæ: Beteae Volkens, 1893 Мыггаг: Хуыз: Цæхæра |
||||||||||||||||
Æхсæнадæмон зонадон ном | ||||||||||||||||
Beta vulgaris L., 1753 | ||||||||||||||||
|
Амонынц æй, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у, йæ нервыты аххосæй мæстыгæр чи у, йæ рæуджытæ сахъат кæмæн сты, уыдонæн. Дзæбæх дзы кæнынц сæкæрниз, тынг нард рынчынтæ. Базеды низæй чи сæйы, уымæн йæ, уартæнгæс рæзынæг (уырыс. щитовидная железа) кæй хонынц, уый активон куыст фæсабырдæр кæны. Цæхæра æнæмæнгхъæугæ хæринаг у, йæ гуыбын кæмæн фæхус вæййы, уымæн.
Æхсæрдæсæм æнусы йæ нæ рагфыдæлтæ бердзенты бæстæйæ куы æрбаластой, уæдæй абонмæ дзы адæм пайда кæнынц, куыд хæрзад халсарæй. Хæрынц æй доны, духовкæйы фыхæй. Кæнынц дзы борщ æмæ туагдзæхдон (уырыс. окрошка). Цæхджын æй кæнынц хибарæй, фæлæ цывзыйы цъæрттимæ та у уæлдай хæрзаддæр. Нæ разагъды бæркадкъух æфсинтæ йын йæ сыфтæй чъиритæ куы ракæнынц, уыдонæн та дзы æмбал нæй.
Сырх цæхæрамæ ма ис иу диссаджы миниуæг. Дохтыртæ йæ амонынц къуыдилы (уырыс. рак) кæмæн ис, уыцы рынчынтæн дзæбæх кæнынæн æмæ сæ не ’руадзынмæ.
Сæкæры цæхæра
ивынЦæхæрайы сæрмагонд хуызтæй чындæуы сæкæр.
Сæкæры цæхæрайы тыллæг бæстæтæм гæсгæ
ивын
2003-2004 нымæцтæ | |||||
Франц | 29358296 | 13 % | 29419000 | 12 % | |
АИШ | 27744430 | 12 % | 27002350 | 11 % | |
Герман | 23756060 | 10 % | 25486732 | 11 % | |
Уæрæсе | 19383640 | 8 % | 18500000 | 8 % | |
Турк | 12622900 | 5 % | 13965000 | 6 % | |
Украинæ | 13392000 | 6 % | 13660000 | 6 % | |
Польшæ | 11739509 | 5 % | 11471800 | 5 % | |
Итали | 9726000 | 4 % | 10000000 | 4 % | |
Æндæр бæстæтæ | 85113483 | 37 % | 88344480 | 37 % | |
Æдæппæт | 232836318 | 100 % | 237849362 | 100 % |
Кæс ноджы
ивынЛитературæ
ивын- Красочкин В. Т., Свекла, М. — Л.,1960;
- Карпенко П. В., Свекловодство, 3 изд., М., 1964;
- Сортоописание овощных бахчевых культур и кормовых корнеплодов, М., 1965;
- Биология и селекция сахарной свеклы, М., 1968;
- Культурная флора СССР, т. 19 — Корнеплодные растения, Л., 1971.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I-æм том