Кæвдæсæрдтæ (ома кæвдæсы ард) кæнæ хъуымиаг[1], дыгуронау хъумайаг, хатт та тума — традицион ирон æхсæнады зæхкусджыты дæлдæр лæууæг фæлтæр. Кæвдæсæрдтæ уыдысты ирон феодалты, хатгай та дзырддзæугæ сæрибар фæрссаг лæгты «æнæзакъон» цот, ома, номыл устытæй сын-иу цы цот рацыдис, уыдон æмæ сæ байзæддæгтæ. Кæвдæсæрдтæ уыдысты сæ феодал фыдæлты æнæбайсгæ, æнæахицæнгæнгæ мулк, нæ сын уыд нæ ауæйгæнæн, нæ балæваргæнæн. Ф.Е. Леонтович ирон æгъдæутты тыххæй цы статьятæ ныммыхуыр кодта, уыдонæй иуы афтæ фыссы:

«

кæвдæсардтæ хъуамæ цæрой, сæ хицау сын кæм зæгъа, уым æмæ æххæст кæной, цы куыст сын зæгъа, уый...

»

Кæвдæсæрдтæ-иу йæ фыды амæлæты фæстæ уыдис чысыл зæххы хай райсыны бар, фæлæ-иу уый фæстæ дæр баззадис дæлбар зæхкусæгæй æмæ йæ фыды бындартæн бегарайы куыст кодта. Кæвдæсæрдтæ чызг хастой кæрæдзийæ. Фæлæ-иу афтæ дæр рауадис, æмæ кæвдæсæрдты чызджытæ фæрссаг лæгтæм кæнæ адæмыхаттмæ мой скæной.

Кæвдæсæрдты фæлтæр XIX æнусы æмбисмæ ссис æппæт ирон зæхкусджытæн сæ 25 % æмæ ахаста 1867-æм азы онг, ома, Зæхкусæджы реформæ Кавказы æххæстгонд цы аз æрцыдис, уæдмæ.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.

Литературæ ивын

  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. — Владикавказ, 1994 — 284 с.