Вашингтон (сахар)

(Колумбийы зылд-æй æрвыст)

Вашингтон (англ. Washington, D.C.) у АИШсæйраг сахар (1800-æм азæй). Административон æгъдауæй хауы Колумбийы зылдмæ.

Сахар
Вашингтон
англ. Washington
Тырыса Герб
Тырыса Герб
38°53′42″ с. ш. 77°02′12″ з. д.HGЯO
Паддзахад Америкæйы Иугонд Штаттæ АИШ
Зылд Колумбийы зылд
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1790
Фæзуат 177 км²
Центры бæрзæнд 125 м
Сахатон таг UTC−5:00, сæрды UTC−4:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +1 202
Посты индекстæ 20001–20098, 20201–20599, 56901–56999
dc.gov(англ.)
Вашингтон (сахар) (АИШ)
Вашингтон (сахар) (Колумбийы зылд)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цæрджыты нымæц: 582 мины бæрц.

Географи

ивын

Сахар лæууы АИШ-ы цæгат-скæсæйнаг хайы, цæугæдон Потомакы былгæрон. Æмарæн у штаттæ Мэриленд æмæ Вирджиниимæ.

Административон арæзт

ивын

АИШ-ы конституци æмæ Резиденцийы закъонмæ гæсгæ Колумбийы Зылдæн ис федеративон паддзахады сæйраг сахары статус.

Раздæр сахарæн разамынд лæвæрдта АИШ-ы Конгресс, фæлæ 1973-æм азы разамынды æххæстбартæ лæвæрд æрцыди сахары хицауадæн — мэр æмæ сахары уынаффæдонæн. Фæлæ уæддæр Конгрессæн ис бар, сахары хицауад кæй сфидар кодта, цыфæнды ахæм официалон акт кæнæ закъон нæ райсын, кæнæ йæм ивддзинад бахæссын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый алкæд сахайрæгты зæрдæмæ нæ цæуы.

АИШ-ы минæвæртты палатæйы (уырыс. палата представителей США) куысты архайы Колумбийы зылды минæвар, фæлæ йын нæй хъæлæс кæныны бар.

Сенаты зылды минæвар нæй. Президенты æвзæрстыты Вашингтоны цæрджытæн ис æвзæрстгæнджыты æртæ хъæлæсы.

Сахайрæгты ’хсæн популярон у штаты æппæт бартæ сахарæн раттыны идейæ, фæлæ Конгресс уыцы фæтк сфидар кæныны резолюцитимæ разы нæ кæны.

Фиппаинæгтæ

ивын