Коцев, Пшемахо Тамашайы фырт
Пшемахо Тамашайы фырт Коцев (кæсгон-черкес. Куэцэ Тӏэмаш и къуэ Пщымахуэ), кæсгон уæздæттæй, уыдис Цæгат Кавказы зынгæдæр политиктæй иу 1917—1920 азты. Цæгат Кавказы (Хæххон) Республикæйы хицæуады сæрдарæй куыста (1918-19).
Пшемахо Тамашайы фырт Коцев | |
---|---|
кæсгон-черкес. Куэцэ Тӏэмаш и къуэ Пщымахуэ | |
Раздæр чи уыд | Тапа Чермоев |
Фæстæдæр | инæлар Халилов |
Райгуырдис |
12 (24) апрелы 1884 |
Амардис |
1962-æм азы 8 январы (77 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Фыд | Тамаша Коцев |
Æмкъай | Люца Мисакова |
Сывæллæттæ | чызг: Заирæ |
Архайд | политик, æхсæнадон æмæ политикон архайæг |
Дин | пысылмон дин |
Æфсæддон куыст | |
Хуындад | инæлар-майор |
Тохтæ | Уæрæсейы мидхæст |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынКоцев райгуырдис 1884-æм азы 12 апрелы хъæу Бабуковойы (ныры Сармаково) Терчы облæсты Налцыччы зылды. Йæ фыд уыд кæсгон уорк (æлдар) Тамаша Хусины фырт Коцев.
Йæ райдайæн ахуырад Пшемахо Коцев райста Гуымы Хъæрмæдоны. 1905-æм азы ахуырмæ ацыд Новороссийскмæ, уым каст фæци бынæттон гимназ.
1910-æм азы Коцев каст фæци Бетъырбухы университеты юридикон факультет[1], райста фыццаг къапханы диплом.
Политикон архайд
ивын1910-æм азы 22 ноябрæй куыста Екатеринодары тæрхондоны, йæ карьерæ цыдис хорз.
Активонæй архайдта Цæгат Кавказы æхсæнадон-политикон царды. Йæ хай бавæрдта кавказаг адæмтæ сæрибаргæнæн змæлдмæ дæр.
1917-æм азы мартъийæ уыд Налцыччы граждайнаг исполкомы уæнг, нæ йæ фæндыди цæмæй Кавказ мидхæстмæ бацæуа, уый.
1918-æм азы 11 майы, Батумы конференцийы Хæххон Республикæ куы расидтысты, уæдæй фæстæмæ райста Хæххон Республикæйы мидхъуыддæгты министры бынат. Хицæуады сæрдарæй равзæрстой Чермоев Тапайы.
1918-æм азы ноябры Пшемахо Коцев хайад райста Антантæйы минæвæрттимæ ныхасы Бакуйы сахары. Англисæгтæ Хæххон Республикæйы хæдбардзинадыл не сразы сты, сфæнд кодтой Парижы конференцимæ æнхъæлмæ кæсын, фæлæ Коцевæн загътой ног коалицион хицæуад саразын.
1918-æм азы 15 декабры Пшемахо Коцевы равзæрстой Хæххон Республикæйы хицæуады сæрдарæй. Уæйтагъд æй бахъуыди Деникинимæ фембæлын, йæ хъæддых ультиматуммæ загъта нæ, æмæ урсгваридонтæ Хæххон Республикæмæ бырсын райдыдтой.
Нæдæр Антантæ, нæдæр Парижы конференци баххуыс кодтой æрыгон республикæмæ, æмæ урсгвардионты къухы бафтид Цæгат Кавказ байсын. Коцевы æрцæхстой деникинæгтæ, фæлæ Ирыстоны урсгвардион æдариуæггæнæг Яков Хабаевы курдиатмæ гæсгæ ауагътой йæ, æмæ уый Тбилисмæ ацыдис.
Амардис 1962-æм азы 8 январы æмæ ныгæд æрцыдис Стамбулы.
Бинонты уавæр
ивынЕкатеринодары адвокаты куыст куы кодта, смой кодта уырыссаг чызгæй, кæцы уыд Новороссийсчы цементы заводы инженеры чызг. 1920-æм азы бинонтæм райгуырдис чызг Заирæ. Туркмæ куы ралыгъдис, уæд йæ бинойнагæй дæр ахицæн.
Турчы та черкессаг мухадзыры чызгæй смой кодта.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Казаки и западные адыги: взаимоотношения в европейской эмиграции в 1920-е гг. Архивгонд æрцыдис 11 февралы 2021 азы. (уырыс.)