Къамсхо
Къамсхо кæнæ Къамцыхо (уырыс. Камсхо) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Мамысонгомы.
Хъæу
Къамсхо
|
ИсториИвын
Лисрийы стыр хъугомыл фæндаг цæуы хæххон чысыл хъæу Къамцыхомæ. Йæ цæрджытæ Рæмонтæ æмæ Моураутæ царды фадæттæй ницæмæй цух уыдысты. Сæ хуымзæххытæ: Дзыхъхъы хуымтæ, Æддаг Мухкъо, Къамцыхойы адаг, Церекты хуым уыдысты сæ алыварс, Къамцыхойы, Хъæзджыны æмæ Сæгуытты суæрттæ — сæ цуры. Мамысонгомы дон сæ разы. Саудуры ком, Цыдийы рагъ, Уартау, Къамцыхойы адаг æмæ Цъыфтæ — сæ фосæн парахат хизæнтæ.
Рæмонты уыгæрдæн Саудуры фæз, Цъынауат, Хосгæрст æмæ Лæгæтгомы уыгæрдæн уыдысты хæстæг æмæ æнцонгуыст рæтты.
11-æм æфсады хæйттæ Мамысоны æфцæгыл Гуырдзыйы меньшевикты дæрæн кæнынмæ куы цыдысты, уæд ацы чысыл хъæуы 1921 азы 22 февралы Моурауты Бекамæ æхсæвиуат бакодта С. М. Киров.[2]
МыггæгтæИвын
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 94—95.
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 247-æм ф.