Æрыскъæф кæнæ уырыскъæф, дыгур. лискъæф (лат. Fragaria, уырыс. Земляника) у, лыстæг урс дидинджытæ кæуыл зайы æмæ хæрздæф сырхбын гагатæ чи дæтты, ахæм бирæазон кæрдæг зайæгой. Йæ æрдзон ареал у Еврази æмæ Америкæ.

Æрыскъæф
Æрыскъæф
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Мæтæгдидинонтæ
Бинонад: Зæрдинхуызтæ
Мыггаг: Æрыскъæф
Латинаг ном
Fragaria L.
ITIS 24624
NCBI 3746

Ирыстоны алы кæмтты дæр уыди, уæлдай арæхдæр кæм зади, ахæм зындгонд бынæттæ, æмæ сæ бынæттон цæрджытæ хуыдтой æрыскъæфджынтæ.[1]

Кæс ноджы ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Айларты И. Ирон фарн — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат, 2012 — 392 ф.