Медойтæ, дыгуронау Мудойтæ[1] (уырыс. Медоевы, гуырдз. მედოშვილი[1]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Раджы заманы Дзауы комы, Жриайы хъæуы цардысты дыууæ æфсымæры: Медо æмæ Бедо. Медо йæ цæуæтимæ цæргæ баззад Жриайы, æмæ йæ цæуæт райстой мыггаг Медойтæ — сæ фыд Медойы номæй. Бедо алыгъд Цæгат Ирмæ æмæ уым йæ цæуæт мыггаг скодта йæхи номæй — Бедойтæ. Медойтæ æмæ Бедойтæ æрвадæл мыггæгтæ сты.

Раздæр Медойтæ цардысты Жриайы хуссар фарс. Ам ма цардысты Котолитæ дæр. Ацы хъæуы алыфарс бирæ ис згъæркъахæнтæ. Медойтæй бирæтæ куырдадзы куыст кодтой. Жриамæ æввахс ис Барсы хъæу. Ам раздæр цардысты Бестаутæ, фæлæ алыгъдысты æндæр рæттæм. Ныр дзы фылдæр цæрынц Гасситæ. Ахæм ныхас ис, зæгъгæ, раздæр ам цардысты лекъ, фæндыдис сæ ирæтты сæ дæлбар бакæнын, фæлæ сын нæ бантыст. Мæсгуытæ дæр фæцарæзтой ацы бынæтты.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.