Мелыккатæ (уырыс. Меликовы) сты ирон мыггаг. Мыггаг Меликов у хæлиугонд кавказаг мыггаг. Меликовты астæу сты сомихæгтæ (Меликьянц, Меликян), гуырдзиæгтæ (Меликишвили), уырыссæгтæ, ирæттæ æмæ æндæртæ. Мелыккатæ цæрынц Рахизфарсы районы. Уыдон сты пысылмон.

Уыцы мыггаджы номæн йæ равзæрд у араббаг дзырд «малик»-æй: арабб. الملك‎‎ [аль-малик], нысан кæны «æлдар, паддзах, кънйаз, къарол». Уыцы нысанимæ бацыд ирон æвзагмæ дæр — мæликк (дыгуронау мæлекк).

Зындгонд Мелыккатæ æмæ Меликовтæ

ивын