Миндзайтæ (уырыс. Миндзаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Ацы мыггагæн йæ рагфыдæл уыди гуырдзиаг Миндадзеты мыггагæй, йæ ном та хуынд Смалы. Смалы, дам, Гуырдзыйы кæимæдæр фæтуджджын ис æмæ йæ цæрæнбынат раивта, ралыгъд æмæ æрцард Уæллагкомы, уырдыгæй алыгъд Уæхъæцмæ. Уым ус ракуырдта Уæхъæцы хъæуккаг Хъойбайты чызджы æмæ йæ мыггаг Миндзайтæй ныффыста. Миндзайтæ раджы кæддæр Уæллагкомы зылды кæй цардысты, уый тыххæй баззадысты сæ зæххыты нæмттæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 98.