Мулукатæ (уырыс. Мулукаевы) сты дыгурон мыггаг.

Истори ивын

Мулукаты мыггаджы фыдæл Къумбулты хъæуккаг Боллотæй уыд. Боллоты мыггаджы хистæртæ Къумбулты хъæумæ æрбафтыдысты Асыйæ. Къумбулты Боллоты мыггагæй цард æхсæз æфсымæры: Галачи, Глаз-Глаз, Кебек, Мулук, Тез æмæ Чихауи. Æфсымæртæ куы слæгтæ сты, уæд сæ фыдæй байуæрстой. Сæ нæмттæм гæсгæ рауадысты сæ мыггæгтæ æмæ хъæуы фæзынд: Галачитæ, Глаз-Глазтæ, Кебектæ, Мулукатæ, Тезтæ, Чихауитæ æмæ Боллотæ сæхæдæг. Галачитæ фæлыгъдысты Кæсæгмæ Озречы хъæумæ, Кебектæ — Хайтыхъæумæ (Лескен), Мулукатæ — Гæлиаты хъæумæ, Тезтæ — Асымæ, Чихауитæ та — Чырыстонхъæумæ. Глаз-Глазтæ фæлыгъдысты Æргуынæгмæ, æмæ сæ дарддæры цард куыд рауад, уый иннæтæй ничи зоны. Бирæтæ афтæ æнхъæл сты, æмæ Глаз-Глазы мыггаг фæстагмæ Галазты мыггаг ссис. Мулукатæ Гæлиаты хъæумæ слыгъдысты Доныфарсы зылды Къумбулты хъæуæй. Мыггаджы фыд Мулук цард æд бинонтæ Гæлиаты.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 128.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 100–101.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 308–309.