Ованес Гермонеци
Ованес Гермонеци (сом. Հովհաննես Հերմոնեցի), ноджы ма зындгонд у куыд Колотик (сом. Կոլոտիկ) уыди сомихаг теолог æмæ аргъуаны архайæг XV-æм æнусы[2]. Йæ райгуырды бон æмæ бынат бæлвырд не сты.
Ованес Гермонеци | |
---|---|
сом. Հովհաննես Հերմոնեցի | |
Райгуырды датæ | бæрæг нæу[1] |
Мæлæты датæ | 1440-тæ[1] |
Зонады къабаз | теологи |
Альма-матер | |
Зонадон разамонæг | Григор Татеваци |
Цардафыст
ивынРайдайæн ахуырад райста Гермоны моладзандоны, уый фæстæ йæ адарддæр кодта Татевы университеты Григор Татевацийы къухдариуæггаджы бын. Григор Татевацийы мæлæты фæстæ райдыдта кусын ахуыргæнæгæй Татевы, стæй раздæхт Гермоны моладзандонмæ æмæ райдыдта уым кусын. Йæ разамынды рæстæджы Гермоны моладзандон сси иуыл стырдæр чиныджы центр. Иуыл фылæр дзы фыстой теологион куыстытæ. Ованес цы къухфыстытæ ракуырдта, уыдонæй иуыл ахсджиагдæр сты «Псалтырты æмбарæнгæнæны» копи Вардан Аревелцийы (1415-æм аз), «Хæзнадон» Кирилл Александрийагы (1418-æм аз), Григора Татевацийы чиныг (1419-æм аз), æмбырдгонд «Уацты чиныг» (1421-æм аз) æмæ «Манрусум» (1424-æм аз). Уымæй уæлдай ма ныффыста дыууæ теологион куысты — Исаийы разагъды æмбарынгæнæн æмæ комментаритæ Диониссийы куыстытæм, ноджы ма иу «Чарынтиры» редакци. 1441-æм азы Товма Мецопециимæ иумæ скодта Эчмиадзины аргъуан, уым рахастой уынаффæ, цæмæй католикосат аргъæвой Эчмиадзинмæ[3]. Амардис 1440-æм азы кæроны.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. Խուդավերդյան — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
- ↑ Г. П. Хомизури. Армянская Апостольская Церковь: святые, мученики, видные священнослужители, богословы, христианские деятели культуры. — Москва, 2002
- ↑ A. J. Hacikyan, G. Basmajian, E. S. Franchuk, N. Ouzounian. / AThe Heritage of Armenian Literature: From the sixth to the eighteenth century. — Detroit, MI: Wayne State University Press, 2002. — С. 653. — 1108 с.