Урс эмиграци (кæнæ Уырысы урс эмиграци, кæнæ Фыццаг уылæны эмиграци), зæгъгæ, афтæ хуындæуы, (19171922)-æм азты Уæрæсейы мидхæсты тыххæй цы бирæ адæм фæсарæнтæм афтыд, уыдоны. Эмигранттæн сæ фылдæр алыгъдысты Уæрæсейæ 1919 азы фæстæ. Уæрæсейы хуссары (Кавказы дæр) урс хæстонтæ лыгъдысты фæсденджызмæ — Стамбулмæ, уырдыгæй та æндæр бæстæтæм. Мингай уырыссаг мигранттæ æрцардысты Берлин æмæ Парижы.

Урс æфсады эвакуаци Хъырымæй, 1920-æм аз

Алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ эмигрантты иумæйаг нымæц уыд 700 мин адæймæгтæй (Нациты Лигæйы официалон бæрæггæнæн) 5 милуан адæймаджы онг.

Ирæттæ Урс эмиграцийы

ивын

Урс эмиграцийы Уæрæсейæ ацыдысты бирæ ирæттæ дæр. Уыдоны ’хсæн Байаты Гаппо, уый ацыд Берлинмæ æмæ уым уагъта чингуытæ ирон æвзагыл, тæлмац кодта Библи; æмæ Гæздæнты Гайто, уый эмиграцийы ссис зындгонд уырыссаг фыссæг.