Санаты Гацыр
Санаты Теккайы фырт Гацыр (райгуырди 1825-æм азы Хъæнийы) уыди ирон фольклорист.
Цардафыст
ивын1830 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Брутмæ. Æстдæс азы йыл куы сæххæст, уæд æм фæсидтысты æфсадмæ. 1861 азы сси прапорщик, 1871 азы та — поручик. Уыди Хъырымы хæсты (1855). Саккаг ын кодтой Сыгъдæг Георгийы æртыккаг æмæ цыппæрæм къæпхæны ордентæ, сызгъæрин майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй», Кавказы кæй службæ кодта, уый тыххæй — дзуар.
Куыста Куырттаты æмæ Уæлладжыры кæмтты, фæстæдæр та — Дыгургомы пъырыстыфы æххуысгæнæгæй. Уыдис æм штаб-ротмистры цин. Амарди 1880 азы.
Гацыр æхсæны хъуыддæгты йæхи равдыста стыр культурæйы хицауæй, йæ адæмæн бацыди стыр хæрзты. Иттæг æнувыдæй æмбырд кодта ирон дзургæ сфæлдыстад, уæлдайдæр та Нарты кадджытæ, ивта сæ уырыссаг æвзагмæ, фыста сын биноныг фиппаинæгтæ. Уæвгæ сын фиппаинæгтæ схонæн дæр нæй, уымæн æмæ дзы арæх ссарæн вæййы хъæздыг этнографион хабæрттæ, ирæтты уæдыккон цардыуаджы тыххæй ахсджиаг факттæ.
Гацыр Нарты кадджытæй ныффыста ссæдзæй фылдæр, ноджы æмбырд кодта Даредзанты кадджытæ, аргъæуттæ. Йæ фыстытæй бирæтæ йæ удæгасæй рухс нæ федтой. Иу æмæ ссæдз кадæджы йын баззади «Сборник сведений о кавказских горцах»-ы редакцийы Тифлисы, æвæццæгæн сæ рауадзынмæ хъавыдысты уыцы серийы радон томы, фæлæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ хъуыддаг бакъуылымпы, æвæццæгæн, сери уадзыны куыст урæд кæй æрцыд, уый фыдæй. Уый фæстæ кадджытæ бахаудтой архивмæ, уырдыгæй та В. Ф. Миллермæ, фесты йæм 30 азæй фылдæр, стæй сæ Брытъиаты Елбыздыхъомæ радта. Цæвиттон, уацмыстæ къухæй-къухмæ фæцыдысты æнусы æмбис. Фæлæ сын джиппы рауадзыны хъомыс нæ уыд. Æппынфæстаг Ирон историон-филологон æхсæнадмæ бафтыдысты (Брытъиаты Елбыздыхъо сæ радта уырдæм) æмæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1925 азы, «Памятники народного творчества осетин», зæгъгæ, уыцы серийы фыццаг томы Дзагуырты Гуыбадыйы разныхасимæ.
Фæстæдæр кадджытæй 20 хаст æрцыди, 1989 азы Мæскуыйы цы æртæтомон рауагътой, уырдæм. Джиппы дзы уадзæм иу.
Литературæ
ивын- Брутæгтæ. Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №10