Смоляны облæст
Смоляны облæст (болг. Област Смолян) у Болгарийы хуссары хæххон облæст. Йæ административон центр у сахар Смолян (32 824 цæрæджы[1]), лæууы болгайраг сæйраг сахар Софияйæ хуссар-ныгуылæнырдæм.
Паддзахад | Болгари |
Статус | Облæст |
Йæ дæлхæйттæ | 10 хъæубæстæйы |
Административон центр | Смолян |
Облæсты разамонӕг | Стефан Стайков |
Цæрджытæ (2008) | 130 043 адæймаджы |
Фæзуат | 3193 км² |
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
Автомобилон код | СМ |
Сайт | Официалон сайт |
![]() | |
![]() |
Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3193 км²[2].
Смоляны облæст æмарæн у
- ныгуылæны — Благоевграды облæстимæ;
- цæгат-ныгуылæны — Пазарджичы облæстимæ;
- цæгаты — Пловдивы облæстимæ;
- скæсæны — Кырджалийы облæстимæ;
- хуссары та — Гречъимæ.
ЦæрджытæИвын
2008 азы июлмæ облæсты цардысты 130 043 адæймаджы[3].
Сахар Смоляны йеддæмæ облæсты ис ма æндæр авд сахары — Девин (7090 цæрæджы[1]), Доспат (2527 цæрæджы[1]), Златоград (7808 цæрæджы[1]), Мадан (6929 цæрæджы[1]), Неделино (4784 цæрæджы[1]), Рудозем (4058 цæрæджы[1]), Чепеларе (5664 цæрæджы[1]). Уыимæ ма Смоляны облæсты территорийыл ис 234 хъæуы[2].
Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 10 хъæубæстæйыл:
- Баните (хъæубæстæ) (5337 адæймаджы[3]).
- Борино (хъæубæстæ) (3834 адæймаджы[3]).
- Девин (хъæубæстæ) (13 599 адæймаджы[3]).
- Доспат (хъæубæстæ) (9634 адæймаджы[3]).
- Мадан (хъæубæстæ) (13661 адæймаджы[3]).
- Неделино (хъæубæстæ) (7677 адæймаджы[3]).
- Рудозем (хъæубæстæ) (10 533 адæймаджы[3]).
- Смолян (хъæубæстæ) (44 233 адæймаджы[3]).
- Чепеларе (хъæубæстæ) (8260 адæймаджы[3]).
- Златоград (хъæубæстæ) (13 275 адæймаджы[3]).
ФенддæгтæИвын
Смоляны облæст у цымыдисæг хæххон регион. Ис дзы Болгарийы зымæгон туризмы зынгæдæр артдзæст курортон комлпекс Пампорово. Архитектурон æмæ историон фенддæгтæ дæр дзы бирæ ис[4].
ФиппаинæгтæИвын
- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 1,5 1,6 1,7 Таблици на населението... \\ Главна Дирекция Гражданска Регистрация и Административно Обслужване(болг.)
- ↑ 2,0 2,1 Област Смолян(болг.), (англ.)
- ↑ 3,00 3,01 3,02 3,03 3,04 3,05 3,06 3,07 3,08 3,09 3,10 Актуална таблица по постоянен и настоящ адрес към 15.07.2008 г. \\Главна Дирекция Гражданска Регистрация и Административно Обслужване (болг.)
- ↑ Архитектурни паметници и комплекси (болг.)
Æддаг æрмæгИвын
- Официалон сайт(болг.), (англ.)