Сомихаг диаспорæ
Сомихаг диаспорæ кæнæ спюрк (сом. Հայկական սփյուռք, սփիւռք) у сомихаг адæмы фылдæр хай, Сомих æмæ Уæлхох Карабахы æдде чи цæрынц, уыдон. Сомихæгтæ æдæппæт нымæц у 8—10 милуан адæймаджы[1], уыдонæй сомихаг паддзахæдты цæрынц 3,3 милуан æмæ 130 мин. Сомихаг диаспорæйы нымæц у 8 милуан адæймаджы бæрц[2].
Сомихаг диаспорæ фæзынди, сомихæн сæхи паддзахад куы дæрæнгонд æрцыд 1375-æм азы, уæд. Уыцы диаспорæ дзæвгар фæфылдæр XX æнусы сомихæгты геноциды фæстæ. Уæд бирæ сомихæгтæ ралыгъдысты Скæсæн Европæмæ, Балканы æрдæгсакъадахмæ, Æввахс Скæсæны бæстæтæм.
Сомихæгты стырдæр къорд (Сомихы фæстæ) цæры Уæрæсейы, сæ фылдæр — Цæгат Кавказ æмæ Мæскуыйы. Зынгæ сомихаг диаспорæ рагæй ис Цæгат Ирыстоны дæр; кусы дзы сомихæгты культурон æхсæнад «Эребуни», Дзæуджыхъæуы центры лæууы Сомихаг аргъуан.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Миниатюрные Империи: Исторический Словарь Недавно Независимых государств — Страница 3 Джеймс Б. Минахан
- ↑ BBC NEWS | Европа | Армения стремится повышать население