Хъаныхъуаты Инал
Хъаныхъуаты Дудары фырт Инал (Иналыхъ) (райгуырдис 1850 кæнæ 1851-æм азы Цæгат Ирыстоны Хъаныхъуатыхъæуы — амардис 1899-æм азы Хуымæллæджы кæнæ Бруты) у зындгонд ирон фыссæг, публицист æмæ этнограф.
Хъаныхъуаты Инал | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1850[1] |
Райгуырæны бынат | Хъаныхъуатыхъæу, Ирыстон |
Мæлæты бон | 1899 |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Цардафыст
ивынХъаныхъуаты Инал райгуырдис Цæгат Ирыстоны Хъаныхъуатыхъæуы. Йæ фыд Дудар уыдис уæздæттæй, æлдæрттæй. Инал ахуыр кодта Стъараполы гимназы. 1860-æм азы Иналы фыд æд бинонтæ алыгъд Туркмæ, фæлæ уым адæмы цард нæ фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ фæстæмæ раздæхт Ирыстонмæ. Уæд та Иналæн фадат фæцис дарддæр ахуыр кæнынæн.
1872-æм азы азы августы, Инал каст фæци Стъараполы гимназ æмæ бацыд æфсæддон скъоламæ. 1877-æм азы райста афицеры цин, архайдта 1877-1878 азты Турчы ныхмæ хæсты æмæ уый фæстæ службæйы фæдыл 1879-æм азы афтыд Сыбырмæ. Уым æфсады йæ службæ ныууагъта æмæ цард Владивостокы.
Литературæ
ивын- Ирон адæм. Хъаныхъуаты Инал (уырыс.)
- Iriston.com. Хъаныхъуаты Инал (уырыс.)
- Хуссар Ирыстоны республикон æхсæнадон-политикон газет «Хурзæрин». Хъобангоймаг публицист(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- Суменова 3.Н. Инал Кануков. Жизнь и творчество. Орджоникидзе, «Ир», 1978. 250 с.