Суантæ (уырыс. Суановы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Цардысты Туалгомы, Тлийы хъæуы. Уырдæм æрбафтыдысты Уæлладжыры комы Ксуртæй. Уым Суанæн уыд æртæ æфсымæры — Дауыр, Мысык æмæ Цæллаг. Зæххæй бынтон мæгуыр кæй уыд Ксурт, уый тыххæй дзы цыппар æфсымæры дæр фæлыгъдысты. Суан æрбынат кодта Туалгомы — Тлийы, ДауыратæДæргъæвсгомы, ЦæллагтæДæллаг Уыналы, Мысыккатæ быдыры хъæуты. Тлийы Суантæй иу — Зæгъой — алыгъд Хуссар Ирмæ æмæ Хъемултайы хъæуы æрцард, кæм æрцард, уыцы хъæуы ном баззад Тлийæ. Фæстагмæ Тлийы Зæгъойтæй фæхицæн сты Пæррæстатæ æмæ æрцардысты æндæр рæтты.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.