Суантæ
(Суантæ (мыггаг)-æй æрвыст)
Суантæ (уырыс. Суановы) сты ирон мыггаг.
Суантæ | |
---|---|
Рагон мыггаг | Сидæмонтæ |
Бындурæвæрæг | Суан |
Æрвадæлтæ | Цæллагтæ, Дауыратæ, Мысыкатæ, Зæгъойтæ, Пæррæстатæ |
Къабæзтæ | Зæгъойтæ[1] |
![]() |
Равзæрд
ивынЦардысты Туалгомы, Тлийы хъæуы. Уырдæм æрбафтыдысты Уæлладжыры комы Ксуртæй. Уым Суанæн уыд æртæ æфсымæры — Дауыр, Мысык æмæ Цæллаг. Зæххæй бынтон мæгуыр кæй уыд Ксурт, уый тыххæй дзы цыппар æфсымæры дæр фæлыгъдысты. Суан æрбынат кодта Туалгомы — Тлийы, Дауыратæ — Дæргъæвсгомы, Цæллагтæ — Дæллаг Уыналы, Мысыккатæ быдыры хъæуты. Тлийы Суантæй иу — Зæгъой — алыгъд Хуссар Ирмæ æмæ Хъемултайы хъæуы æрцард, кæм æрцард, уыцы хъæуы ном баззад Тлийæ. Фæстагмæ Тлийы Зæгъойтæй фæхицæн сты Пæррæстатæ æмæ æрцардысты æндæр рæтты.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.