Тæтæртупп
Тæтæртупп у кувæндон æмæ рагон сахары хæлддзæгтæ Цæгат Ирыстоны, Елхотмæ ‘ввахс.
Этимологи
ивынДзырд нысан кæны — «тæтæры ныхас/æмбырд».[1]
Тæтæртупп мифологийы
ивынНарты кадджыты Тæтæртупп у зæд, йæ бадæн бынат Æрджынарæджы. Ацæмæзæн Агуындæйы хæссынмæ куы бацыдысты, уæд Нартæ æмæ зæдтæ — чындзхæсджытæ сæ фæндаг Æрджынарæгыл ракодтой æмæ йæ Елиа хоны: «Нæ къорды хистæр, Хуыцауы уарзон». Тæтæртупп у урссæр зæд[2].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. III том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1979.
- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.