Табутæн се ’рвадæлтæ сты Цоцитæ æмæ Гатыгкотæ.

Табутæ (уырыс. Табуевы, Табушвили, Табуашвили) сты ирон мыггаг. Цæрынц Цхинвалы, Тбилисы, Знауыры районы хъæу Гуиргуинайы æмæ Дзæуджыхъæуы.

Равзæрд

ивын

Хуссар Иры Елтъурайы хъæуы цы Табутæ цæры, уыдонæн сæ иуы зæнæг хонынц сæхи Мариамидзетæй. Цæвиттон, Табутæй иу лæгæн уыд гуырдзиаг бинойнаг. Лæг амард, зæнæг хъомыл кодта сæ гуырдзиаг мад, йæ ном хуынд Мариам. Сæ сыхæгтæ сæм-иу дзырдтой Мариамы фырттæ, æмæ уый адыл сæ мыггаг ссис Мариамидзе. Елтъурайы цы Джирквалидзетæ цæры, уыдонæн та сæ раздæры мыггаг уыд Абайтæ.[1]

Зындгонд Табутæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005