Талышаг æвзаг

Талышаг æвзаг у талышаг адæмы мадæлон æвзаг; хауы ирайнаг æвзæгты къорды цæгат-ныгуылæн дæлкъордмæ. Æмбæлы Талышстаны (уый у, талыштæ кæм цæрынц, уыцы бæстæйы æнæофициалон ном — Азербайджаны хуссар æмæ йемæ æмарæн чи у, Ираны уыцы районтæ).

Талышаг æвзаг
Хином: Толыши зывон
Бæстæтæ: Иран, Азербайджан
Регионтæ: Гилян, Ардебиль
Æдæппæт дзурджыты нымæц: 912 000
Классификаци
Категори: Евразийы æвзæгтæ
Индоевропæйаг æвзæгтæ
Ирайнаг æвзæгтæ
Цæгат-ныгуылæйнаг ирайнаг æвзæгтæ
Фыссынад: араббаг алфавит (персайнаг алфавит), кириллон алфавит, латинаг алфавит
ISO 639-1:
ISO 639-2:
ISO 639-3: tly
Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ

Дзурджыты нымæц хæццæ кæны 500 мин адæймагмæ; æнæофициалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ талышагау дзурынц 900 мин адæймагмæ æввахс.