Таматæ
Истори
ивынТаматæй иу лæппу Лоджы хъæуы (Мызуры сæрмæ) кæйдæр амардта, уый тыххæй дыууæ æфсымæрæй фæлыгъдысты Дыгургоммæ, Уæхъæцы хъæумæ. Уæлладжыры комæй Таматæй Дыгургоммæ цы дыууæ æфсымæры æрбафтыд, уыдон сты Уæхъæцы æмæ Къумбулты хъæуты цæрæг Таматы фыдæлтæ. Ам сын цæрæнбынæттæ радтой хъæуыцæрджытæ, хæдзæрттæ сарæзтой сæхицæн. Ам устытæ ракуырдтой. Сæ иу — йæ ном Цæрай — йæ бинойнаг Гецаонимæ алыгъд Къумбулты хъæумæ, иннæ ’фсымæр та баззад цæргæ Уæхъæцы хъæуы. Асыйы Таматæ дæр сын хæстæг æрвадæлтæ сты. Уыдон Къумбулты Таматæй Асымæ чи алыгъд, уыдон сты.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.