Темырханты Сослан

Темырханты Гаврилы фырт Сослан (Вано) (райгуырдис 1881-æм азы 2 апрелы Мæздæджы, амардис 1925-æм азы апрелы Дзæуджыхъæуы) уыдис ирон фыссæг æмæ историк, Уæрæсейы æфсады афицер.

Темырханты Сослан
Райгуырды датæ 1881-æм азы 2 апрелы(1881-04-02)
Мæлæты бон 1925
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Сфæлдыстады азтæ 1913—1922
Дебют «Иры истори»

Йæ цард ивын

Сослан цардис уæззау æмæ вазыгджын рæстæджы, æхсæнадон уавæртæ знæт фурдау раив-баив куы кодтой, уыцы фыдæвзарæн æмæ рæстæвзарæн дуджы. Йæ разы уыдис хицæн фæндæгтæ æмæ дзы иу равзарынæн хъуыдис кæнæ бынтон хуымæтæг зонд, кæнæ титаны хъару. Сосланмæ уыдонæй иу дæр нæ разындис, æмæ удхар кодта дыууæ арты астæу, куы иу фæндагыл фæлвæрдта йæ амонд, куы та иннæуыл.

Темырханты Сослан райгуырдис 1881-æм азы 2 апрелы Мæздæджы. Йæ ныййарджытæ Гаврил æмæ Екатеринæ кодтой зæххы куыст. Сосланæн йæ аргъуыды ном у Вано, æмæ уыцы номимæ бацыдис ирон литературæ æмæ историмæ.

Темырхантæ уыдысты бирæ бинонтæ. Цоты хистæр — Сослан. Уый бакастис реалон скъолайы. 19011904 азты ахуыр кодта Тбилисы (Калачы) æфсæддон скъолайы æмæ уырдыгæй æфсадмæ рацыдис подпоручикы цинимæ. Архайдта уырыссаг-япойнаг хæсты æхсарджынæй: хорзæхджын æрцыдис Сыгъдæг Аннæйы орденæй.

Цаутæ ивтой кæрæдзи. Хæсты фæстæ — Фыццаг уырыссаг революци. Уыцы цауты Сослан цы архайæг уыдис, уымæн ницы æвдисæндартæ ис. Фæлæ литературон куыст бæлвырдæй райдыдта уыцы азты, йæ хицæн уацмысты зынынц революцион цаутæ æмæ сæ фæстиуджытæ.

Сослан зæрдæйæ уыд адæмы фарс, разы нæ уыд æхсæнадон цардæвæрдæй, фæлæ дзы æфсæддон ард домдта паддзахад хъахъхъæнын. Сосланы йæ зонд æмæ йæ зæрдæ здæхтой литературæмæ, йæ хæс та — æфсæддон службæмæ. Уыйадыл лæг иудадзыг уыдис æндыгъд психологон уавæры. Фадат ын нæ уыд æппæт тыхтæй сфæлдыстадон куыст кæнынæн. Бирæ азты (19071920) фысгæ дæр ницы кодта, æвзыгъддæрæй цыдис æфсæддон фæндагыл. 1908 азы сси поручик, 1914 азы — капитан, 1915 азы та — дæлбулкъон. Намысджынæй хæцыдис Фыццаг дунеон хæсты, райста Сыгъдæг Владимиры орден. Уыцы æнтыстыты хал ын аскъуыдта Октябры революци.

Мидхæст саста бирæ фæлтæрты цардвæндаг, уыдонимæ фыццаджыдæр æфсæддон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы хъысмæттæ. Уæлдай зын уавæры бахаудтой, бæлвырд политикон позицитыл чи нæ лæууыдис, уыдон; сæ цард сын А. Толстой схуыдта «хождение по мукам». Мидхæсты карз уылæнтæ дыууæрдæм раппар-баппар кодтой Сосланы дæр. Уый суанг 1905 азæй фæстæмæ тох æмæ цардæвæрд ивыны фæрæз æнхъæлдта «учредительское собрание». Октябры революци равзæрста æндæр, радикалон фæрæзтæ. «Уымæ гæсгæ, — дзуапп дæтты Сослан советон тæрхондоны, — мæхи атигъ кодтон большевиктыл, фæлæ нæ баиу дæн урсгвардионтимæ дæр, æлгъаг мын уыди сæ реакциондзинад». Уыйхыгъд бацыдис æмæ куыста Хæххон республикæйы хицауады, уыцы хицауад Дзæуджыхъæуæй йæхи Дагъистанмæ куы айста, уæд дæр.

Советон хицауад фæуæлахиз Цæгат Кавказы дæр. Ахстой паддзахы афицерты. Сослан сси хауæггаг. Ногæй бавнæлдта сфæлдыстадон куыстмæ, æмбырд кодта фольклорон æмæ этнографион æрмæг. 1921 азы советон хицауад расидтис амнисти, адæмы ныхмæ чи нæ хæцыдис, уыцы афицертæн. Сослан æрбаздæхтис Дзæуджыхъæумæ, куыста ахуырад æмæ мыхуыры оргæнты, Ирон историон-филологион æхсæнады. Фæлæ йæ зæрдæ нæ радис ног цардæй æмæ йæ куыстæй. Разы нæ уыд хицауадæй. Уыцы зондахаст нæ басусæг, æмæ æрцыдис трагикон цау — «диссаджы сæфт»: 1925 азы апрелы Темырханты Вано ацыдис уроктæ дæттынмæ æфсæнвæндаджы скъоламæ æмæ нал æрбаздæхтис. Ацыдис канд цардæй нæ, фæлæ Иры историйæ дæр, йæ цардимæ фесæфтис йæ ном дæр дæргъвæтин дуджы. Фæлæ рæстæг зилы царды цалх, æмæ Ванойы ном разындис ногæй ссæдзæм æнусы кæрон. Вано æрбаздæхтис ирон литературæмæ, ирон культурæмæ. Абон адæм аргъ кæнынц афицер Темырханты Сосланы политикон куыстæн нæ, фæлæ фыссæг æмæ историк Ванойы сфæлдыстадæн.

Йе сфæлдыстад ивын

Темырханы-фырт сфæлдыстадон куыст кæд райдыдта, уый бæрæг нæу. Фыста иронау (уый æнахуыр диссаг у мæздæггаг лæппу, стæй афицерæн), ирон мыхуыр та фæзынд æрмæст 19061907 азты. Йæ фыццаг уацмыстæ фæзындысты газет «Ног цард»-ы (1907). Автор сыл йæ ном нысан кодта цыбырæй — Вано. Уымæ гæсгæ, Сослан хъодыгонд куы уыд, ног фæлтæртæ йын йæ кой дæр куы нæ хъуыстой, уæд йæ уацмыстæ рæдыдæй хыгъд æрцыдысты æндæр Ванойы номыл. Фæлæ рæстдзинад раргом.

«Минас» ивын

Ванойы фыццаг мыхуыргонд уацмыс у цыбыр радзырд «Минас». Æвдыст дзы цæуы фыццаг уырыссаг революцийы рæстæг. Фыссæг йæ уацмысы аппæн райста чысыл цау афицерты цардæй. Хæрз хуымæтæг сты радзырдæн йæ сюжет æмæ йæ композицион нывæст. Нæй дзы хуызджын нывтæ, бæлвырд сурæттæ, психологон иртасæнтæ. Уыйхыгъд уацмыс хæссы парахат информаци, арф гом кæны конфликты аххосаг, фæлгонцы архайджыты зондахаст, хъæздыг æрмæг дæтты царды æцæгдзинад иртасынæн.

Советон политикæ паддзахы афицерты æвдыста сау хуызы, демократон политикæ уыдоны кæны идеализаци. «Адæймагдзинад, уæздандзинад, кад хъахъхъæнын сæ туджы уыд уырыссаг афицертæн», — кæсæм Ванойы чиныджы разныхасы. Объективон æцæгдзинад домы алы хъуыддагмæ дæр æппæтвæрсыгæй кæсын. Афицертæ сты адæймæгтæ æмæ вæййынц алыхуызон. Лермонтовы фарсмæ уыд Мартынов дæр. Достоевскийы иу романы уырыссаг инæлар йæ куыйтæн хæрын кæны мæгуыр гыццыл лæппуйы йæ мады раз. Афицерты «адæймагдзинад» æмæ «уæздандзинадæн» æнусон карз тæрхон у Лев Толстойы хрестоматион радзырд «Балы фæстæ» («После бала», 1903).

Вано афицеры цард зыдта æддаг бакастæй нæ, фæлæ мидæгæй æмæ йæ æвдисы бæлвырд æмæ бæстон. Йæ хъайтартæ сты къуымых солдафонтæ. Ис сын æвæлмон цард, æмæ минас кæнынц, нуазынц, дзурынц «æнаккаг æмбисæндтæ». Æрхæссынц сæ «заманы змæстыты кой», æмæ уæд раргом вæййы, уыдон æнæхсæст циниктæ кæй сты, уый. Æппæт быцæутæ кæнынц адæм æмæ революционерты аххос. Пъагонджынтæн адæм сты «æвзæр», «сæфт», «кусын нæ уарзынц», афтæмæй сæ хъæуы зæхх æмæ бар. Ахæм зондыл сæ сахуыр кодтой паддзахы хъузæттæ, фæсдзæуин фысджытæ. Уыдон фыстой, зæгъгæ, адæм мæгуырæй уымæн цæрынц, æмæ сты «магуса æмæ къупритæ». Ацы дауты Лев Толстой хуыдта æнаккаг хахуыртæ æмæ дзырдта бонджынтæн: «Адæм сыдæй мæлынц уымæн, æмæ мах тъæпп хауæм фырæфсæстæй» («Письма о голоде»). Ахæм хуызы æвзары уавæртæ Вано дæр æрыгон афицеры номæй.

Уацмысы персонажтæ сты хиппæлой, æнæфсарм, æгъатыр. Уыцы миниуджытæй æххæстдæр у хъазахъхъаг булкъон. Пулемёттæй адæмы Харьковы куыд цагъта, уыцы хабар дзуры уæлмонцæй, йæ фыдракæнд æм кæсы стыр æфсæддон æмæ патриотон сгуыхт. Адæм æй схуыдтой «тугхор, удхæссæг». Лæппу-афицер нæ быхсы ахæм цинизм æмæ зæгъы: «Гæрзтæджын Японæй лидзгæ кодтам, ныр æнæгæрзтæ адæмыл нæ лæджыхъæд æвзарæм. Худинаг кæд уый нæу, уæд циу?!» «Уæздан» афицертæ нæ быхсынц раст ныхас дæр: ахст æрцыд рæстылдзурæг, æнхъæлмæ йæм кæсы кæнæ Сыбыры каторгæ, кæнæ æфсæддон трибунал.

«Залкалм» æмæ æндæр таурæгъон æмбисæндтæ ивын

Вано йæ уацмыстæ мыхуыры уагъта 1907 азы дыккаг æмбисы, фысгæ дæр сæ, æвæццæгæн, кодта уыцы бонты. Уæдмæ революци саст æрцыд. Ралæууыд æвирхъау реакци. Тох æмæ сау реакцийы фæстиуджытæ бæлвырд æвдисынц Цомахъы элеги «Рох бæсты хъарæг», Брытъиаты Елбыздыхъойы аллегорион радзырд «Цад» æмæ æндæртæ. «Цад»-ы традицитыл нывæст у Ванойы къаннæг уацмыс «Залкалм» (1907).

Ванойы курдиат у хигъæдон. Фыссæг нæу уæрæх нывты дæсны, нæ нывæнды вазыгджын сюжеттæ. Йæ уацмысты фылдæр сæ жанрмæ гæсгæ сты радзырдтæ нæ, фæлæ этюдтæ, миниатюрæтæ, таурæгъон æмбисæндтæ (притчи). Таурæгъон æмбисонд у «Залкалм» дæр. Ам ирдæй зыны Уæрæсейы цард æмæ революцийы аллегорион ныв. Залкалм (залиаг калм) у хæдхæцæгад æмæ тыхбары символ. Уый æрбадт æнамонд бæстыл, йæ хъæлæсæй калы цæхæр, æмæ адæм сæфынц æбуалгъ æнуды, «асаст сæ уæнджы тых». Йæ хилæгтæ цъирынц адæмы туг, нуазынц æй сæ хицауимæ. Фæлæ дымгæ æрхаста мигътæ, арв нæры, уары, æмæ хуыссыд фыдбылызы цæхæр. Адæм нæ разындысты æмзонд, нæ базыдтой уавæрæй пайда кæнын. Уæдмæ уарын банцад, залкалм йæ тыхы бацыд æмæ ногæй бæстыл æфтауы зынг. Ныв æвдисы тохы æрæнцад æмæ адæмы саст.

«Залкалм»-æн контрастон ныв у «Сæрдыгон уарын». Ам Вано æвдисы фæскъæвда хур боны æууæлтæ, æмæ уымæй зыны авторы оптимизм.

Таурæгъон æмбисæндты циклæн кæронбæттæн у «Уастырджи æмæ Сау Барæг». Уацмысы ныхæй-ныхмæ лæууынц рухс æмæ тар тыхтæ. «Сау æхсæв нæ бæстыл æрбадти рагæй», фæлæ фæзынди хур, æмæ «бирæгътæ рухсæй фембæхстой сæхи». Адæм цин кæнынц, цин кæны бæрзондæй Уастырджи дæр. Уæд фæзыны Сау Барæг, сау тыхты бардуаг. Цæгъды адæмы, «сау æхсæв та ногæй бæстыл æрбадти». Цард фестад æмбыд цад. Уастырджи нынкъард. Фæлæ зæгъы: «æгъгъæд у, налат! Сæ тæригъæдæй дæхæдæг дæр тъæпп хаудзынæ иу бон». Ацы аллегорион нывы зыны, Ваномæ цард ивыны тыххæй бæлвырд хъуыды кæй нæ уыд, уый. Уастырджи — рухс тыхты символ — разынд пассивон, иуварсæй кæсæг. Йæ лæмæгъ æртхъирæн ницы мары: адæмы тæригъæдæй иу залым дæр тъæпп нæ хауы; тохы бæсты сау тыхы ныхмæ æвæры намысон (моралон) азым. Мæнгæфсон æмæ æнæхъомыс уыд ахæм оптимизм.

«Иу таурæгъ нæ цардæй» ивын

Фæстох сау реакци пъæззыйау æрбадт адæм æмæ бæстæйыл. Уыцы уавæр Вано æвдисы къорд уацмысы. Уыдонæй у къаннæг радзырд «Иу таурæгъ нæ цардæй» (1907). Ам гæзæмæ фæзындысты реализмы æууæлтæ. Иæ сюжеты ис дыууæ хайы, дыууæ эпизоды. Фыццаджы персонажты диалогæй разыны бæстæйы политикон уавæр — уый у уæззау, æлхъывд, реакцион. Адæм бæллыдысты сæрибармæ, фæлæ революци саст æрцыд, æмæ та гауыртæ (хицауад — Дж. Ш.) ногæй адæмы æргæвдын байдыдтой фыццагæй фыддæр».

Ахаем цæвиттонтæ сты хъæзны хос ирон литературон æвзагæн.

Историйыл куыст ивын

«Иры истори» ивын

1907-æм азы фæстæ Вано ныууагъта литературон куыст. Уыйхыгъд бавдæлд истори фыссынмæ. æрæмбырд кодта, уæды рæстæгмæ иры тыххæй цы зонадон æрмæг уыд, уый æмæ уымæй ранывæста «Иры истори». Уый хицæн чиныгæй рацыд 1913 азы Дзæуджыхъæуы. Вано арф æмбæрста историйы нысаниуæг æмæ йæ чиныг ныффыста иронау, сыгъдæг литературон æвзагæй, — уыцы хъуыддаг дæр уыд зынгæ æнтыст. Автор зонадон нысанæй уæлдай йæ хæсыл нымадта ирон адæмæн фыдæлты цæвиттонтæй сæ национ æмæ патриотон æнкъарæнтæ цырын кæнын, иры къабæзтæ иу кæнын. Вано йæ раздзырды фыста: «Мах куы зониккам, нæ фыдæлтæ чи уыдысты æмæ сæ къухæй цы нæртон хъуыддæгтæ цыди, уый, уæд хъал уаиккам нæ ирон номæй æмæ нæ сæр æгадмæ нæ уадзиккам». Ацы ахъаззаг куыст канд истори нæу, фæлæ у литературон хæзна дæр, ис ын бæлвырд культурон ахадындзинад.

«Ос-Бæгъатыр» ивын

Вано историон очерктæ фыста 1920-æм азты дæр. Йæ уац «Ос-Бæгъатыр» (1922) бæрзонд исы адæмы намыс, кад кæны фæтæджы патриотон сгуыхтæн. Уый фыссы, зæгъгæ, «Ос-Бæгъатыры рæстæг амондджын дуг уыд ирæн, æмæ сын уæд бантысти се знæгты дæр басæттын, сæ исбон дæр сарæх кæнын, æмæ уый фæрцы уæд бархийæ æдæрсгæ, æнæхъуагæй цардысты, æнтысти сын бирæ æмæ сæ хъуыддæгтæй равдыстой, ирон уды хъарутæ стыр кæй сты æмæ ирæн сæ бон кæй у, баиу уæвгæйæ, стыр хъуыддæгтæ бакæнын». Вано идеализаци кæны Ос-Бæгъатыры дуг, фæлæ йæ хъуыдытæн ис бæрзонд нысан — историон оптимизмæй адæмы ифтонг кæнын.

Темырханы-фырты куыст революцийы фæстæ ивын

Октябры революцийы фæстæ Темырханы-фырт сси хауæггаг. Уыцы рæстæджы фыста очерктæ, æмбырд кодта адæмон сфæлдыстад. Цы аргъæуттæ æмæ таурæгътæ ныффыста, уыдон сты сыгъдæг адæмон, ис сын хигъæдон сюжеттæ, дæттынц хъæздыг æрмæг мæздæггаг ирæтты æвзаджы хъæд æмæ сæ культурæ зонынæн.

Уацмыс «Хохдзау» ивын

Ванойы уацмыс «Хохдзау» (1920) йæ жанрмæ гæсгæ у фæндаггоны боныг. Автор йæ балцы хабæрттæ дзуры нывæфтыд æвзагæй, æвдисы, фольклор æмбырд кæнгæйæ, цардæй йæ цæст цæуыл æрхæцыд, уыдæттæ.

Дæргъæвсгомы цардæй йæ цæст цæуыл æрхæцыд, уыдæттæ. Дзуры фæндæгты æдзæллаг уавæрыл, адæмы царды уаг æмæ фынджы этикетыл, хохæгты æрмæгон æмæ монон культурæйыл.

Фыссæг йæ боныджы рæгъмæ хæссы бирæ таурæгътæ æмæ историон хабæрттæ. Уый иртасы адæмон уацмысты ахадындзинад, йæ иу персонажы номæй уыдон хоны «стыр хæзна», уымæ гæсгæ зарджытæ сты зæрдæрухсгæнæг, кадджытæ — ныфсдæттæг, таурæгътæ — цардæмбарынгæнæг, иумæйагæй «уыдон сты зонды хæринаг æмæ уды тавæг, лæджы хъару уыдонæй рæзы, хорз фæнд уыдонæй гуыры». Боныджы автор — хохдзау — йæ фиппаинæгты аргъ кæны, цы уыны, уыдонæн. Уымæн ирон æгъдау у «лæджы уæздангæнæг, хи ауадзын æй чи нæ уадзы, хорзмæ йæ чи разæнгард кæны», ахæм хъуыддаг. Вано арф иртасы ирон куывды æхсæнадон æмæ культурон ахадындзинад:

«Нæ куывд æрæмбырд кæны адæмы мæгуырæй, бонджынæй, ахуыргондæй, æнахуыргондæй иумæ, баминас, баныхас кæнын сæ кæны иумæ, æмæ сæ кæрæдзи бамбарынц хуыздæр. Æцæг демократон адæм дæр уымæн сты ир, зиу дæр сæм уымæн ис. Уыдæттæ ма цæстмæ зынынц, фæлæ цæстмæ цы нæ зыны æмæ лæджы уæздан цы кæны, йæ зæрдæ йын цы рухс кæны, уый та цæй аргъ у!»

Афтæ, куывд уыди царды скъола, адæмы психологон æмæ намысон уавæр чи рухс кодта, ахæм æхсæнадон хъуыддаг. Уацмысы ис ахъаззаг ирон куывд — гаджидау. Уый у зонды суадон, уым ирдæй зыны ирон адæмы традицион культурæ, сæ гуманизм, сæ бæллицтæ æмæ сæ фæндиæгтæ.

«Фæллой» æмæ æндæр этюдтæ ивын

Темырханы-фырт сæйраджыдæр уыди нывгæнæг нæ, фæлæ рухстауæг. Йæ нысан — адæмы намысон идеалтыл ахуыр кæнын. Иæ уацты дæр нæй æппæтвæрсыг бæстон ныхас иу кæнæ иннæ проблемæйыл, автор хъуыддагæн æвдисы æрмæст йæ бындурон миниуæг, йæ сæйраг мидис, йæ апп. Уымæ гæсгæ йæ уацтæ дæр сты этюдтæ.

Вано царды фæрæзтæй ахъаззагдæрыл нымадта фæллой, куыст («Фæллой»). Фæллой адæмæн аразы царды фадат, адæм «рæсугъд æмæ уæздан цард фæллойы фæрцы ссарынц», адæмæн «фæллой сбæрзонд кæны йæ культурæ, срайдзаст кæны йæ бæстæ». Фыссæджы идеал у бархи цард, сæрибар адæймаг. Бархи цардæн аразæн ис æрмæст зонд, ахуырад æмæ сæрибар фæллойы фæрцы. Сæрибар адæймаг цæры æмæ кусы бархийæ, «æрмæст йæхиуыл дары йæ зæрдæ, æмæ æнамонддзинадæй йæ ныфс нæ сæтты, амондæй та хъал нæ кæны» («Зонд æмæ бархи», 1922). Сæрибар адæймаджы æууæлтæй иу у мадæлон æвзаг зонын. Ваномæ гæсгæ, æвзаг у адæмы иугæнæг тых, сæ культурæйы сæрæвæрæн, национ хиæмбарынадæн йæ сæйраг рахæцæн. «Фæлæ æцæгæлон æвзагыл чи райдайы дзурын, — зæгъы Вано арф философон хъуыды, — уый, кæй æвзагыл дзуры, уыдоны цæстæй кæсы алцæмæ дæр æмæ бархийæ йæхи зондæй хъуыды кæнын йæ бон нæу».

Хигъæдон цæстæнгасæй кæсы Вано дины хъуыддагмæ дæр. Уый ирон дин æвæры дунеон мæнг, идеологон динты ныхмæ, хоны йæ, «рухсмæ разæнгард чи кæны, ныфс чи дæтты царды тохы», ахæм фæрæз. Вано бæлвырд терминæй нæ хаты ирон дины мидис, фæлæ дзы иртасы æрдзон уырнынад, муртак дин, æмæ пантеизмы æууæлтæ. Фыссы, зæгъгæ, ирæн «сæ аргъуан у Хуыцауы рухс дуне», уый у къухæйконд аргъуантæн се ’ппаты рæсугъддæр, уым «сæ динамонæг сты таурæгътæ, зарджытæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ, уацмыстæ», уыдон æмбарын кæнынц царды рæстдзинад, «йæ сау æмæ йæ урс», хорз æмæ уæздан цы у, уый, афтæмæй дæттынц ныфс, уды рухс æмæ бæрзонд бæллицтæ. Бæзнаг æмæ ахсджиаг у, адæмæн зонд æмæ цар, хос фольклор æмæ литературæ кæй сты, уыцы хатдзæг. Уый у, æвронг реалистон хъуыды æмæ æргом кæны дзырдаивады æрдз, йæ идейон æмæ эстетикон нысаниуæг.

Темырханы-фырт иры истори цыбыртæй ранывæста уырыссагау дæр («Осетины». Исторический очерк. 1920). Очерк фыст у уæлмонцæй, фактты сæ аууон кæнынц æнкъарæнтæ, фæлæ йæ нысан уыд хуымæтæг æмæ рухс: гыццыл адæмы историйы фæрцы ныфсджын æмæ сæрыстыр кæнын, сæ тыхтыл сæ баууæндын кæнын, историон-культурон арæзтадмæ разæнгард кæнын. Уыцы нысан æргом кæны Ванойы гуманизм, йæ куысты мидис.

Литературæ ивын