Токаты Гогки
Токаты Ахмæты фырт Гогки (райгуырдис 1913-æм азы, Цæгат Ирыстоны Сечеры хъæуы — амардис 2005-æм азы 25 ноябры, Англисы графад Суррей) уыдис советон æмæ бритайнаг ахуыргонд, ракетодинамикæ æмæ космонавтикæйы специалист.
Токаты Гогки | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1913 кæнæ 1910[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2003-æм азы 23 ноябры кæнæ 2003[1] |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | ракетæаразын[d] |
Альма-матер | |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынРайгуырд æмæ сабибонтæ
ивынГогки райгуырдис 1913-æм азы Терчы облæсты Дзæуджыхъæуы зылды Сечеры хъæуы, мæгуыр ирон бинонты ’хсæн. 1920-æм азы райдианы бинонтæ æрцардысты ног зæххытыл, Ставд-Дурты хъæуы (ныртæккæ — Цæгат Ирыстоны Кировы район) бындур кæм æрæвæрдæуыд, уым. Йæ фыд Токаты Ахмæт уыди зæхкусæг, амардис 1917-æм азы.
Ахуыры азтæ
ивынТокайы-фырты мысинæгтæм гæсгæ, лæппу иунæг бон дæр нæ ахуыр кодта скъолайы. 1924-æм азы Гогки бацыдис Фæскомцæдисы рæнхъытæм. 1928-æм азы та сси коммунист. Йæхæдæг фæстæдæр куыд загъта, афтæмæй уæды азты уый уыди «æрыгон фанатик».
1928-æм азы Токайы-фырт афтыди Ленинградмæ, цыран ахуыр кодта рабфачы. Уырдæм æй арвыстой, Цæгат Кавказы фыццаг трактортæй иуыл — «Фордзон»-ыл трактористæй кæй куыста, уый фæрцы. 1932-æм азы Гогки каст фæци Бауманы номыл Уæлдæр техникон училище (ныртæккæ — Бауманы номыл Мæскуыйы паддзахадон техникон университет). 1937-æм азы фæскомцæдисон балцæгимæ ацыди Жуковскийы номыл Æфсæддон-уæлдæфон академимæ. Афæдз фæстæ Токайы-фырт сси уыцы академийы лабораторийы сæргълæууæг, 1938-æм азы райста диплом. 1941-æм азы йын лæвæрд æрцыд зонæдты кандидаты ном æмæ уыцы аз сси авиацион техникæйы факультеты декан.
Хæсты азтæ
ивынХæсты райдианæй службæ кодта бомбæкалæг авиацийы, фæлæ рæхджы йæ райстой фронтæй Мæскуымæ, ракетæтæ кæныны къабазы кусынмæ.
Авиацион проекттыл куыст
ивынФыдыбæстæйы Стыр хæсты заман Токайы-фырт куыста сусæг проекттыл æмæ уыциу рæстæг касти лекцитæ Мæскуыйы цалдæр техникон ахуырдоны. 1947-æм азы йын лæвæрд æрцыд дæлбулкъоны цин, æмæ уыцы аз æй экспертон къамисы иннæ уæнгтимæ арвыстой командировкæйы Скæсæн Берлинмæ — уым бæрæг кодтой, окупацийы советон зонæмæ чи бахауди, уыцы немыцаг ахуыргæндтæ-ракетæгæнджыты.
Бæрæгдзауы архайд
ивын1945-æм азы Берлины, Соколовскийы амындæй, сси Цæдисон контрольгæнæн уынаффæдоны нымæрдар, æмæ уыцы бынаты кусгæйæ, йæ комкоммæ хицау уыди Георгий Жуков. Токайы-фырты куысты сæр уыди ахæм: хъуамæ æмбырд кодтаид Вернер фон Брауны гермайнаг ракетон программæйы, стæй хæстон хæдтæхджытæ кæныны тыххæй æппæт хабæрттæ. Ацы хæслæвæрд Токайы-фырт æххæст кодта Сергей Королевимæ иумæ. Гогкийы разамындæй Советон Цæдисмæ раластæуыд хæдтæхæг «Фоке-Вульф» (нем. Focke-Wulf) саразæг Курт Танк (æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ — йе ’мкусджытæй иуы).
1947-æм азы Токайы-фыртмæ фæсидтысты Кремльмæ æмæ бафæдзæхстой цæмæй, Германы цы реактивон бомбæкалджыты проекттæ ссардæуыд, уыдон АИШ-ы ныхмæ хæсты цас бæззынц, уый сбæрæг кæна. Ноджы йын бахæс кодтой Францæй радавын раззагдæр немыцаг инженертæй иуы — Эйген Зенгеры (нем. Eugen Sänger).
Алыгъд
ивынСМЕРШ æй æрцахсынмæ кæй хъавы, уый æнæнхъæлæджы базонгæйæ, Токайы-фырт йæ бинойнаг Азæимæ афтыди оккупацийы англисаг зонæмæ. Берлины бритайнаг сектормæ куы бацыдис, уæд ракуырдта политикон лигъдоны статус. 1947-æм азы йын лæвæрд æрцыд бритайнаг паспорт æмæ ног ном — Грегори Токати (уый размæ документты фыста «Григорий Токаев»), уый фæстæ цалдæр мæйы бритайнаг бæрæгдзаутæ æмбæхстой Гогкийы советон агенттæй. Советон Цæдисы ахуыргондæн фæсаууонмæ рахастой 25 азы рæстмæгæнæн-фæллойгæнæн лагеры фæбадыны тæрхон.
Токайы-фырт йæ рæстæджы ныффыста йæ алыгъды тыххæй чиныг. Йæ хабæрттæм сцымыдис сты чиныгуадзджытæ, фæлæ Токайы-фырты биографийы дзæвгар æрмæджытæ ныронг дæр сты сусæггонд.
Куыст англисаг проекттыл
ивынСтыр Британийы æмбæстаг куы сси, уæд Токайы-фырт куыста паддзахады сусæг уагдæтты. 1960-æм азæй, Нортхэлнтон, зæгъгæ, уыцы Уæлдæр технологийы колледжы касти лекцитæ аэронавтикæйыл, 1961–1975-æм азты уыди колледжы сæргълæууæг, профессор (1967). Англисы зонадон архайдимæ Гогки æмрæстæджы касти лекцитæ АИШ-ы, Нидерландты, Турчы, Ираны, Нигерийы университетты.
Публицисты архайд
ивынАвиацион проекттыл архайды уæлдай, Токайы-фырт фыста публицистон уацтæ. Йæ публицистикæйы критикæ кодта советон режим (сæрмагондæй, уыди советон биологон хæцæнгæрзтæ аразыны ныхмæ, стæй Европæйы мидæг уыцы паддзахады политикæйы ныхмæ) æмæ уый охыл йæм сызнаг сты бритайнаг галиуонтæ (уырыс. левые).
Америкæйы аэрокосмосон проекттыл куыст
ивын1960-æм азты Токайы-фырт арвыстæуыд АИШ-мæ, Мæймæ адæймаджы арвитыны проектыл кусынмæ.
Ахуыргонды сгуыхтыты банымад
ивынАИШ-ы Нью-Мексикойы штаты Лос-Аламосы зылды æрæвæрдæуыд ахуыргонды бронзæ бюст ахæм фыстимæ: G. A. Tokaty.
Лондоны цур университетон сахаргонды уынгтæй иуæн рардæуыд Токайы-фырты ном. Ситийы университеты Лондоны лорд-мэр (уыциу рæстæг у ацы ахуырдоны ректор) æрвылаз дæтты Токаты Гогкийы номыл стипенди.
1972-æм азы америкаг космонавттæ сæвæрдтой Мæйыл Токайы-фырты æмæ Вернер фон Брауны портреттæ. 1974-æм азы Стыр Британийы систæуыд, Токайы-фырт йæхæдæг йæхи кæм ахъазыд, уыцы документалон сериал «Дуне Хæсты» (англ. The World at War). Кино сисæг уыди Мартин Смит. 2000-æм азы Стыр Британийы ус-къарол радта ахуыргондæн лорды титул.
Æддаг æрмæг
ивын- Professor Grigori Tokaty. Rocket scientist who denounced the Stalinist regime (некролог газет «Индепендент»-ы) (англ.)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Tokaev, Grigorij A. // 20th Century Press Archives — 1908.