Тотрадз, Тотырадз дæр — Алæгаты мыггаджы иунæг хъайтар Нарты кадджыты, ахсы аккаг бынат нарты номдзыддæр хъæбатырты ’хсæн. Нырма бынтон æрыгон уæвгæйæ, Тотрадз нарты хъæзтыты фæуæлахиз сæ мыггаджы туджджын — фыдзнаг, æппæтæй номдзыддæр нарт — Сосланыл: æд бæх æй систа йæ арцы фындзыл æмæ йæ афтæмæй рахæсс-бахæсс фæкода бонсауизæрмæ. Лæгæй-лæгмæ тохы сæ дыккаг фембæлды рæстæг Сослан, Сатанайы (иннæ вариантты та йæ усы) амындæй фæпайдагæнгæйæ, чъылдымырдыгæй ныццавта æмæ амардта æрыгон Тотрадзы.

Тотрадз
Æрд нæлгоймаг
Династи Алæгатæ
Фыд Алымбег