Уæлладжыры æхсæнад

Уæлладжыры æхсæнад кæнæ Уæлладжыр у Ирыстоны æхсæнадæй иу.

Уæлладжыры æхсæнад
Фæззыгон уынд Уæлладжыры комы
Фæззыгон уынд Уæлладжыры комы
Бæстæ Уæрæсе Уæрæсе
Республикæ Цæгат Ирыстон Цæгат Ирыстон
Район Алагиры район
Картæ
Уæлладжыр (Цæгат Ирыстон)
Уæлладжыр

Уæлладжырæгты скæсæйнаг сыхæгтæ сты куырттатæгтæ, ныгуылæйнаг сыхæгтæ — дыгур, сæ хуссайраг сыхæгтæ та — туалтæ. Уæлладжыры æхсæнад Ирыстоны нымад уыдис æппæты рагондæр æхсæнадыл. Адæмон таурæгътæм гæсгæ, иннæ ирон æхсæнадты бындурæвæрджытæ сты Уæлладжыры æхсæнадæй рацæугæ. Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, фæстæдæр æгас Ирыстоныл чи апырх æмæ йæ алы къуымты чи æрцарди, уыцы рагфыдæлтæ рацыдысты ирон адæмы рагфыдæл Ос-Бæгъатырæй æмæ хæссынц йæ фыртты — Сидæмон, Цæразон, Кусæгон, Цъæхилон æмæ Æгъуызы нæмттæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.