Уадындз, дыгур. хæтæл[1] — ирон флейтæты хицæн хуыз, æппæты рагондæр æмæ арæхдæр æмбæлгæ музыкалон инструменттæй иу.

Нарты эпосы Ацæмæзы диссаджы флейтæ, удæгас æмæ æнæуд æрдзыл-иу магион хуызы чи ахадыдта, уый номхуындæй уыдис уадындз.

Арæзтой йæ иуæй-иу къутæр бæлæсты зæнгæй; фæстæдæр фæзындысты топпы хæтæлæй конд уадындзтæ.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1989.
  2. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.