Уырыймæгты Езетхан
Уырыймæгты Алимырзæйы чызг Езетхан (райгуырдис 1905-æм азы Цæгат Ирыстоны Чырыстонхъæуы — амардис 1955-æм азы 15 майы) у ирон фыссæг.
Уырыймæгты Езетхан | |
---|---|
Уруймæгти Езетхан | |
Райгуырды датæ | 12 (25) декабры 1905 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1955-æм азы 15 майы[1] (49 азы) |
Мæлæты бынат | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Цардафыст
ивынЕзетхан райгуырдис 1905-æм азы 12 декабры Чырыстонхъæуы мæгуыр зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Алимырзæ мæгуыр, æнæзæхх лæг уыд. Езетхан — æвдæм чызг, уый ма куы райгуырд, фыд зæрдæдзурæнты уæд фæцис. Ничи бацин кодта Езетханы райгуырдыл. Алимырзæ уыдис æнæахуыргонд зæхкусæг лæг, фæлæ хæларзæрдæ, зондджын адæймаг. Йæ бирæ сывæллæтты зымæгон даргъ æхсæвты ирхæфста ирон аргъæуттæ æмæ таурæгътæй, нарты диссаджы кадджытæй.
Езетханы царды, ахуыры фæндæгтыл бафтыдта йæ фыды æфсымæр Харитон, йæ рæстæджы зындгонд ахуыргæнæг æмæ публицист, революцийы сæрыл тохгæнæг.
Езетхан фыццаг ахуыр кодта Чырыстонхъæуы дыууæкъласон дины скъолайы. Фæцахуыр дзы кодта иу аз, стæй йæ Харитон ракодта Зилгæйы скъоламæ.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Уруймагова Езетхан Алимарзаевна // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Плиты Г.Г. — Фæлтæртæ æмæ азтæ. — Цхинвал, РХИ Мыхуыры хæдзар, 2011.