Зилгæ у Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы районы ирон хъæу.

Хъæу
Зилгæ
43°14′04″ с. ш. 44°31′30″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Рахизфарсы район
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1814[1]
Раздæры нæмттæ Дударатыхъæу[2]
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 2107[3] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 56
Посты индекс 363011
Автомобилон код 15
Зилгæ (Уæрæсе)
Зилгæ (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Зилгæйы цæрынц пысылмон диныл хæст адæм. Хъæуы ис, 2007-æм азы 100 азы кæуыл сæххæст ис, ахæм мæзджыт.

Истори

ивын

Ирыстоны быдираг хъæутæй Зилгæ у сæ хистæртæй иу. Æххæст ыл кæны 200 азы.

XIX æнусы райдиан Уæрæсейы паддзах Алыксандр Фыццæгæмы бардзырдмæ гæсгæ Арвыкомы фæндаг аразын куы райдыдтой, уæд сæ Тæгиатæ тынг хъыгдардтой, æмæ уæд хохаг хъæуты — кæм лæгдыхæй, кæм зæрдæлхæнæн лæвæртты руаджы — цæрджыты æрвитын райдыдтой быдырмæ.

Уыдонæй уыдысты зындгонд æлдæрттæ Дудараты Мырзабеджы фырттæ Мæхæмæт æмæ Ахмæт. Цæмæй Ларсæй быдырмæ рацыдаиккой, уый тыххæй Мæхæмæтæн радтой æфсады капитаны цин æмæ цалынмæ цæра, уæдмæ алы аз дæр пенси, Ахмæтæн та чысыл фæстæдæр — майоры цин.

Ларсаг Дударатæн æрцæрæны бынат бацамыдтой Теркæй Хуымæллæджы доны æхсæн Елизаветинсчы фидармæ хæстæг хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ æмæ фосхизæнтимæ. Ам æлдæрттæ æрцардысты фæрссаг лæгтæ æмæ кæвдæсæрдтæ — æппæт 42 хæдзары.

Фыццаг æрцæрджытимæ уыдысты Бзарты Темырыхъо æмæ Азо, Дзæрæхохты Умар, Борыхъуаты Бибо, Дзусаты Сысло, Азиаты Хъæрæби, Гæбæгкаты Зауырбег, Козырты Цицил, Дзусаты Ебо, Борыхъуаты Вартак, Æлбегаты, Мæрзойты, Гуыдиаты, Хъесаты, Дзуццаты, Милдзыхты, Гæрдиаты бинонтæ. Ам кæмæн цас йæ бон уыд, уыйбæрц зыххытæ куыста. Зæгъæм, æрмæст Дударатæ сæхи бакодтой 3862 дæсæтины. Фæлæ сæ 1844-æм азы паддзахы хицауады минæвæрттæ æрбацыбыр кодтой. Дударатæм баззад 1500 дæсæтины, иннæтæн та радтой фæйнæ 25 дæсæтины иу нæлгоймагæн.

1807-æм азы Уæрæсейы æфсады командыгæнæг инæлар Иван Гудович Дударатæн бафæдзæхста, цæмæй Дайраны комы хъахъхъæдтаиккой Арвыкомы фæндаг, фæлæ ацы фæндоныл Елмырзæ æмæ Тасолтан нæ разы кодтой. Фæлæ уыдон дæр уайтагъд фæфæсмон кодтой — хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ, фосхизæнтæ сын радтой хæрз чысыл æмæ уæд 1814-æм азы Тасолтан æмæ йе ’фсымæр Едык сæ дæлбар зæхкусджытæ Тогуызтæ, Цорæтæ, Къониатæ, Гаппуатæ, Хъулатæ, Тебиатæ, Боцойтæ, Муритæ, Кокайтæ, Бæдоатæ, Рæмонтæ æмæ иннæтæ — æдæппæт 26 хæдзары сыстадысты Бæлтайæ æмæ æрцардысты Фетхуз‎-Реданты, фæлæ ам дыууæ æфсымæры нæ бафидыдтой æмæ та Тасолтан йæ æххуырстытæ æмæ Кцойты, Зитайты, Цогойты, Бæцойты, Майрæмыхъуаты, Уататы, Порæты, Кокайты бинонтимæ — æдæппæт 13 хæдзары — ралыгъдысты быдырмæ 1814-æм азы æмæ æрцардысты Елизаветинскы фидары хæдфарсмæ Хуымæллæджы дон зилгæ-милгæ кæм цæуы, уым. Æмæ сæ бынат схуыдтой Тасолтаново — Тасолтаны хъæу.

Афæдзы фæстæ Бæлтайæ ралыгъдысты поручик Дудараты Габис йæ кæвдæсæрдтимæ æмæ æрбынат кодтой Хуымæллæджы доны галиу был. Ам ма æрцардысты йæ дæлбар зæхкусджытæ – Забеты, Гудиаты, Таймазты, Гæриаты, Дауыраты, Кесаты бинонтæ. Сæ цæрæнран схуыдтой Габисово — Гæбисы хъæу.

Арæх фæфæрсынц, кæм уыд Елизаветинсчы фидар, цы уыд йæ гарнизоны бæрны? Мæнæ цы дзуапп дæтты ацы фарстацæн газет «Знамя коммунизмæ»-йы 21.09.71 азы номыры Хетæгкаты Къостайы номыл университеты историйы кафедрæйы ассистент Берозты Б.:

  Оба аула (Тасолтаново и Габисово) находились недалеко от стен русского военного укрепления Елизавентинского. Оно было построено в 1783 году на берегу Камбилеевки. На старинных картах того времени укрепление обозначено на том самом месте, где дорога от Моздока до Владикавказа пересекала Камбилеевку, то есть между нынешним Хумалагом и Зильги. Гарнизон состоял из трех рот пехоты и посотни казаков, имел три пушки. В его обязанности входила охрана дороги от Георгиевского военного укрепления до Владикавказа. В Елизаветиском часто останавливались на ночлег отряды и обозы. Осетины, которые поселились в аулах Габисово, Тасолтаново и Иналово (Хумалаг), должны были помогать в охране пути, кроме того, несли транспортные повинности, обеспечивая подводами всех проезжающих от Моздока до Владикавказа. Кроме того, они расставляли дневные «пикеты» и ночные «секреты», то есть караульные посты по дороге.  

Фыццаг заман дæр фæндаггæттæ, хъæутæ уыдысты тæссаг уавæры. Абырджытæ, давджытæ, лæгмартæ никæуыл ауæрстой. Фæлæ уæддæр быдыры хъæутæ, сæ цæрджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кодтой. 1850-æм азы Габисы хъæуы цардис 48 хæдзары, Тасолтаны хъæуы та 56.

Цæмæй зæхкусджытæ сæ фæдыл рацæуой, уый тыххæй сын алы хорздзинæдтæй зæрдæ æвæрдтой. Æмæ æцæгдæр, райдианты адæм уæгъд уыдысты алыхуызон хъалонтæ æмæ бегаратæй. Фæлæ 1825-æм азы Гæбис æмæ Тасолтаны хъæуты цæрджытæ алы хæдзар дæр афæдз æлдарæн хъуамæ фыстаид иу æвзист сом, фыс, хосы уæрдон, иу бон изæрмæ хуым кодтаид, хос карстаид, æфснайдтаид. Ацы уавæры адæм æлдæрттимæ сбыцæу сты æмæ уæд 1855-æм азы æлдæрттæ ацыдысты Кæрдзынмæ, ардыгæй та рацыдысты фæрссаг лæгтæ, сæ фылдæр пысылмæттæФидаратæ, Кодзыртæ, Итæзатæ, Болиатæ, Гусалтæ, Бедойтæ, Псхацъæтæ æмæ иннæтæ.

Цæмæй æлдæртты ном бынтон ферох уа, уый тыххæй уыцы аз (1855) дыууæ хъæуы баиу сты æмæ йæ схуыдтой Зилгæ — Хуымæллæгдоны къæдзтæ-мæдзтæ донвæдмæ гæсгæ.

1998-æм азы 8 июны Зилгæйы цæрджытæ амынæттæй байстой дыууæ автобусы æд 37 пассажиры, Мæхъхъæлы Республикæйæ Налцыккмæ чи цыди[4]. Зилгæйæгтæ домдтой, цæмæй мæхъхъæл суагъд кæной ирон амынæтты — адæймæгтæ давыны хъуыддаг уæд стынг ис Мæхъхъæлы арæны цур, æрмæст иу мæйы дæргъы Мæхъхъæлмæ адавдæуыд 14 адæймаджы. Уыцы боны æмбисбонмæ зилгæйæгтæ сæ амынæттæ суагъд кодтой, дыууæ сыхаг республикæйы хицауæдты минæвæртты фæрцы.

Зындгонд цæрджытæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Берозты Батырадз. Переселение осетин с гор на плоскость (XVIII — XX вв.). — Орджоникидзе: Ир, 1980.
  2. Калоев Б.А. Осетины: Историко-этнографическое исследование / Б.А. Калоев; Ин-т этнологии и антропологии им. Н.Н. Миклухо-Маклая. 3-е изд., испр. и перераб. — М.: Наука, 2004. — 471 с.
  3. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  4. Газет «Коммерсант»-ы уац уыцы хабары тыххæй (уырыс.)

Æрвитæнтæ

ивын