Фæдантæ[1] (уырыс. Фадановы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Мыггаджы хистæртæ дзурынц, зæгъгæ, дам, Хутъæс, Хъиргъу, Къостан, Гуаццау æмæ Фадан уыдысты æфсымæртæ, иу фыды фырттæ. Сæ фыд Дзира Донысæрмæ æрбафтыд Асыйæ. Дзиратæ сæхи нымайынц, Гагуаты фæстæ Доныфарсы фыццаг чи æрцард, уыдоныл. Дзираты æфсымæртæй сæ иу — Хъутъæс, сæ хъæуккаг Хъанухътæй лæг амардта, уымæ гæсгæ æфсымæртæн Доныфарсы цæрæн на уыд. Хъутъæс, Хъиргъу æмæ Къостан фæлыгъдысты Уæлладжыры коммæ — Зджыдмæ. Зæронд Гуаццау æмæ æрыгон Фадан та сæхи бафснайдтой хъæуы кæмæдæр. Хъанухътæ сæ сæрмæ нæ бахастой зæронд æмæ сывæллоны амарын, æмæ сæ æрцæрын кодтой хъæуы æндæр ран, цæмæй сæ цæсты рæбынæй аиварс кодтаиккой. Уæд Хъанухъты сусæгæй Хъутъæс, Хъиргъу æмæ Къостан æрбаздæхтысты Дыгургоммæ. Хъиргъу æрцард Уæхæцъы, Къостан — Дзинагъайы, Хъутæс та алыгъд Кæсæгмæ — Аргуданмæ. Гуаццауæй уæлдай æфсымæртæ сæ нæмттæй сæхицæн сарæзтой мыггæгтæ æмæ фæзынди мыггæгтæ: Уæхъæцы — Хъиргъутæ, Дзинагъайы — Къостантæ, Доныфарсы — Фадантæ, Гуаццау та йæ мыггагæн ныууагъта йæ фыды ном Дзира — Дзиратæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005