Фæскавказы комиссариат

Фæскавказы комиссариат — коалицийы бындурыл арæзт рæстæгмæ хицауад, кæцыйы сæ хайад райстой гуырдзиаг меньшевиктæ, рахиз эсертæ, сомихаг дашнактæ æмæ азербайджайнаг мусаватисттæ. Ацы хицауад сарæзтой 1917-æм азы 28 ноябры (ног стильмæ гæсгæ) Тбилисы. Фæскавказы комиссариат аивта, йæ размæ чи уыд, уыцы ОЗАКОМ — Уæрæсейы Рæстæгмæ хицауады оргæн[1].

Фæскавказы крайы арæнтæ ивыны проект, кæцымæ æркастис 1917-æм азы Рæстæгма хицауады сæрмагонд къамис

Кавказы фронты къамандыгæнæг инæлар М. А. Пржевальский æрсидтис æфсадмæ, цæмæй комиссариаты хицауиуæджы ныхмæ ма уой[2].

Фæскавказы комиссариат Советон Уæрæсейы ’рдæм знæджы цæстæй кастис, æххуыс кодта Цæгат Кавказы большевикты ныхмæ чи тох кодта, уыцы тыхтæм — Хъобан, Дон, Теркыл æмæ Дагъистаны. Националон æфсæддон къордты руаджы Фæскавказы комиссариат йæ дæлбар бакодта æппæт Фæскавказ, æрмæстдæр Бакуйæ æмæ йæ алфамбылай ныффидар советон хицауад. Афтæмæй 1918-æм азы райдиан Фæскавказы фæзындысты дыууæ тохгæнæг лагеры — сæ иуы центр уыд Бакуйы индустриалон район, сæ иннæйы — регионы рагæй ахсджиаг сахар Тбилисы.

Комиссариат архайдта вазыгджын æууæлты, сомихæгтæ æмæ азербайджайнæгты ’хсæн райтынг ис конфликт, туркаг æфсад бæстæ бацахсынмæ хъавыдис, цæрджытæй бирæтæ — уæлдайдæр та Кавказы фронты æфсæддонтæ — большевикты фарс лæууыдысты.

1918-æм азы 26 мартъийы Фæскавказы сейм Фæскавказы комиссариаты куыстуагъдыл сразы æмæ уый фæстæ сарæзта Фæскавказы рæстæгмæ хицауад.

Фæскавказы сейм кусын куы байдыдта, комиссариат куыстуагъд æрцыдис. Сеймы сæрдар сси Н. Чхеидзе. 1918 азы 22 апрелы сейм расидтис Фæскавказы демократон федеративон республикæ, кæцы тагъд рæстæджы æртæ бæстæйыл ныппырх и: Азербайджан, Гуырдзыстон æмæ Сомих.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. А. А. Шахбазян. Армения. Разд. Исторический очерк: Армения в 20 в. // Большая Российская Энциклопедия. — 2004. — ISSN 5852703206.
  2. В. М. Муханов. Кавказ в переломную эпоху (1917—1921). — Москва: Модест Колеров, 2019. Ф. 23.

Литературæ

ивын
  • Арутюнян А. А. Кавказский фронт Первой мировой войны: армянские добровольцы в борьбе за общую победу // Великая война 1914—1917 гг.: возвращение памяти : сб. ст. и докл. / Под редакцией М.Б. Смолина, К.А. Залесского. — М.: РИСИ, 2015. — С. 199—205. — ISBN 978-5-7893-0239-2.
  • В. М. Муханов. Кавказ в переломную эпоху (1917—1921). — Москва: Модест Колеров, 2019. — 360 с. — ISBN 978-5-905040-47-4.
  • Автандил Ментешашвили. Из истории взаимоотношений Грузинской Демократической Республики с Советской Россией и Антантой. 1918—1921 гг.
  • Эдуард Оганесян. Век борьбы. Мюнхен, 1991
  • Базанов С. Н. Великая война: как погибала Русская армия. — М.: Вече, 2014. — 384 с. — ISBN 978-5-4444-2020-1.
  • Арутюнян А.О. Кавказский фронт 1914 - 1917 гг. — Ер.: Айастан, 1971. — 416 с.