Фынг, дыгур. фингæ у æртæкъахыг ныллæг, тымбыл стъол, кæцы ахсы тынг стыр быннат ирон адæмы цардуавæры.

Æртæкъахыг фынг Тугъанты Махарбеджы нывыл

Кæцыфæнды бæрæгбонæн дæр йæ ахсджиагдæр хæйттæй иу у фынг. Фынджы æгъдау у вазыгджын. Куывды рæстæг хыгъд цæуынц нæлгоймагæй, сылгоймагæй, хистæрæй, кæстæрæй, кæмæн цавæр фынгыл бадын æмбæлди, уыдæттæ. Фынг хайджын у æхсæны царды æмæ дины æуултæй. Куывд цæй тыххæй арæзт æрцæуы, уымæ гæсгæ фынг алы хатт дæр æрæвæрынц бæлвырд фæткмæ гæсгæ, бадты адæмæй йæхи чи куыд хъуамæ дара, уыдæттæ æнæмæнг фынджы æгъдаумæ хауынц.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Уарзиаты Вилен. Праздничный мир осетин. Северо-Осетинский институт гуманитарных исследований, 1995 г.