Тугъанты Махарбег

Тугъанты Сафары фырт Махарбег (райгуырдис 1881 азы Дур-Дуры — амардис 1952 азы) уыдис ирон нывгæнæг, публицист, фольклорон уацмыстæ æмбырдгæнæг æмæ иртасæг, педагог æмæ этнограф; Ирыстоны адæмон нывгæнæг, Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт архайæг.

Тугъанты Махарбег
Изображение
Райгуырды датæ 1881[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1952-æм азы 4 июлы(1952-07-04)[1]
Бæстæ
Жанр нывкæнын[d] æмæ графикæ[d]
Ахуыр
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Махарбеджы курдиат алкæм дæр йæхи равдыста тыхджын æмæ алывæрсыгæй.

Цардафыст ивын

Йæ фыд Сафар уыдис Ирыстоны фыццаг ахуыргонд ботаник, агроном, каст фæцис Бонны университет. Ахуыры азты йæ зæрдæмæ хæстæг айста социал-демократон идеалтæ, архайдта йæхи фæллойæ цæрынмæ. Тугъанты уæздан мыггаг уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, разы нæ уыдысты, кусæг адæммæ хæлар цæстæй кæй кастис, уый йын нæ барстой. Сафары нал бафæндыди семæ иу цары бын цæрын (патриархалон бинонты сæргъы уыцы рæстæджы лæууыдис йæ фыды æфсымæр, Аслæнбег паддзахы æфсады инæлар, йæ кармæ гæсгæ уæдмæ службæйæ суæгъд ис).

Махарбеджы фыд Дур-Дуры балхæдта къаннæг (дыууæуатон) хæдзар. Суинаг нывгæнæг райгуырдис ам. Йæ мад Санаты Гацыры чызг Асиат, йæ рæстæгмæ гæсгæ райста хорз ахуырдзинад. Санаты æфсымæртæ, Гацыр æмæ Дзантемыр, Ирыстоны зындгонд сты куыд рухстауджытæ, адæмон сфæлдыстады фыццаг æмбырдгæнджытæ.

Махарбег райдианы ахуыр кодта Кизеры пансионы, фæстæдæр реалон училищейы (каст æй фæцис 1898 азы). Суанг уæд фæбæрæг ис йæ зæрдæргъæвддзинад ныв кæнынмæ. Иу рæстæджы Алыккаты Аннæмæ, Хетæгкаты Къостайы хорз зонгæмæ, бахатыди, цæмæй йын уый йæ фыццаг фæлварæнтæ Къостамæ равдиса. Алцы дæр йæхицæй аразгæ у, нырау æнувыдæй йæ нысанмæ куы тырна, уæд дзы нывгæнæг æнæмæнг рауайдзæни, зæгъгæ, Аннæ лæппуйæн Къостайы ныхæстæ куы рафæзмыдта, уæд ын стыр ныфсы хос фесты. Фæлæ йæ ныййарджытæм сæ фырты фæлтæрæнтæ хи ирхæфсынау кастысты. Æмæ йæ 1900 азы Бетъырбухмæ афæндараст кодтой, цæмæй фæлварæнтæ радта Хæххон институтмæ. Лæппу конкурсы нæ ацыди (геометрийæ «цыппар» кæй райста, уымæ гæсгæ), фæлæ сæхимæ нал аздæхти. Сфæнд кодта Къостайау уый дæр Аивæдты академимæ бацæуын. Уый тыххæй уал иу аз сахуыр кодта нывгæнæг Гольдблаты цæттæгæнæн скъолайы æмæ 1901 азы ссис Аивæдты академийы студент.

Йе сфæлдыстадон фыццаг къахдзæфтæ акодта хъуыстгонд Репины æрмадзы, курдиатджын педагогтæ Чистяков, Мясоедов, Саввинский æмæ иннæты разамындæй. Фæлæ Махарбеджы фæндыди фылдæр базонын. Уыйадыл 1903 азы ацыди Мюнхенмæ, нывгæнæг Антон Ашбейы скъоламæ. Мюнхен уыди ног аивады авангарды центр.

Фæсарæнты Махарбегæн фадат фæци Берлины, Мюнхены, Венæйы аивæдты музейтæ бабæрæг кæнын. Æрыгон нывгæнæджы зыд цæстæнгас зылди Тицианы, Рембрандты, Делакруайы æрмдзæфы бæрджытыл, «касти» сын сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Иртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Махарбег йæхи нæ атигъ кодта уæды рæстæджы аивады агурæнтыл: йæ уацмысты рахатæн ис модернизмы æууæлтæ. Фæлæ йе сфæлдыстады апп алкæд дæр уыди национ тематикæ, ирондзинад.

1907 азы Махарбег сыздæхтис йæ фыдызæхмæ. Дзæуджыхъæуы байгом кодта аивадон студи, уыди дæсны ахуыргæнæг æмæ æмрæстæджы — æнувыд ахуыргæнинаг: йæ адæмы культурæ, фольклор, этнографи æмæ археологи хуыздæр базоныны нысанимæ йын Ирыстоны иу къуым æнæсгæрст нал баззадис. Кърандасæй ныв кодта хохаг рагон хæдзæрттæ: сæ орнаменты характерон нывæфтыдтимæ, цæджындзты сæртыл хъæдæйскъахт фыры здыхт сыкъатимæ æмæ æндæр ахæм декоративон хæйттимæ, ныв кодта мæсгуытæ æмæ зæппæдзтæ, кувæндæттæ, хæдзары дзаумæттæ, æмбырд кодта кадджытæ æмæ таурæгътæ йæ фидæны кæттæгтæ æмæ суанг иртасæн куыстытæн æвæджиауы æрмæг. Ацы экспедициты фæстæ 1911 азы мыхуыры фæзындысты йæ «Дигорон кадæнгитæ», 1929 азы та — уац «Кто такие нарты?», автор дзы нымайы, зæгъгæ, нарты эпос равзæрдис ирæттæм.

Ирыстоны Советон хицауад куы æрфидар (1920 азы), уæд Махарбег ссис Терчы зылды аивадон-агитацион плакатты хайады сæргълæууæг (Теркавроста). Фыста цыргъ карикатурæтæ кулактæ, урсгвардионтæ, ног цардæн цæлхдуртæ чи аразы, уыдоны ныхмæ. 1924–1925 азты афтыди Бакумæ, уырдыгæй Туркменимæ, ахуыр кодта амы адæмты цард. Астæуккаг Азийы сахартæ æмæ змисджын быдырты сæмбæлди цымыдисаг типажтыл, разагъды архитектурæйыл, базонгæ, нырмæ кæй никуы федта, ахæм æрдзон ахорæнтæ æмæ фæзындтимæ. Нывæста сæ йæ акварельтæ æмæ кърандасæй нывты

Дзæуджыхъæумæ куы æрыздæхтис, уæд куыста Иры педагогон техникумы, уыдис аивадон къорды сæргълæууæг (1926–1930).

1930-æм азы Махарбег æрцарди Цхинвалы, амы Бæстæзонæн музейы байгом кодта аивадон студи æмæ национ нывты галерей. Ноджы йæ сæйраг нывгæнæгæй æрбахуыдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон театрмæ. Уæд æххæстæй рабæрæг сты Махарбеджы удыхъæды сæрмагонд æууæлтæ: йæ диссаджы куыстхъомдзинад æмæ сфæлдыстадон æрхъуыды, йæ æвидигæ энтузиазм. Фыста декорацитæ æмæ сæ, йæ къухы цы хæрз хуымæтæг æмæ кадавар æрмæг уыдис, уымæй йæхæдæг тынг саив кодта; арæзта актерты уæлæдарæсы эскизтæ, суанг ма грим дæр уыдис йæ бæрны. Иу ныхасæй, стыр лæггæдты бацыди Хуссар Ирыстоны театрæн.

1942 азæй фæстæмæ лæууыди Хуссар Ирыстоны наукон-иртасæг институты аивады хайады сæргъы, ныффыста бирæ иртасæн куыстытæ культурæ, фольклор æмæ аивады ахсджиаг фарстатыл.

1952 азы, июны кæрон, Махарбег æвиппайды æррынчын æмæ 4 июлы йæ цардæй ахицæн ис. Бирæ сфæлдыстадон фæндтæ йын баззадис æххæстгæнинагæй. Йæ гуырахстджындæр уацмыс «Нарты куывд»-ыл дæр кæронмæ нал бакуыста.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 M. S. (Makharbeg Safarovich) Tuganov // Faceted Application of Subject Terminology
  • Тоидзе М. И. Воспоминание о И. Е. Репине /Новое о Репине. Статьи и письма художника, воспоминания учеников и друзей, публикации. Ред.-сост. И. А. Бродский и др. — Л.: Худ. РСФСР, 1969. — С. 206.
  • Гиреев Д. А. Вступительная статья / Литературное наследие. — Ордж., 1977. — С. 7.
  • Хаким Мусса. Махарбек Туганов. Народный художник Осетии. — Орджоникидзе: Северо-Осетинское книжное издательство, 1962.
  • Туганов М. С. Мои воспоминания о Репине /Литературное наследие. — Ордж., 1977. — С. 107.
  • Каджоян Акоп К. Воспоминания/М. С. Туганов. Литературное наследие. — Ордж.:Ир, 1977. — С.211
  • Дзантиев А. А. Художники Северной Осетии. — Л.: Художник РСФСР, 1988. — С. 189. — ISBN 5-7370-0014-1.