Хостыхъоты Ханджери

Хостыхъоты Ханджери (райгуырдис 1917-æм азы Хъæдгæроны — амардис 2006-æм азы) уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг.

Цардафыст ивын

Æнæ фыдæй баззадис, аст азы йыл куы сæххæст, уæд. Фæлæ сæрæн лæппу йæ мады сидзæргæсы хуызы цæрын нæ бауагъта. Ханджери кодта æппæт куыстытæ дæр. Уыдис æнæзивæг, цæрдæг æмæ фæллойуарзаг лæппу. Уыдис зараг æмæ кафаг лæппу. Уый тыххæй йæ хистæртæ æмæ æмгæрттæ дæр фылдæр уарзтой. Скъолайы та фыццаг уыдис ахуырмæ. Хорз æнтыстдзинæдтæ æвдыста физкультурæйæ.

Дæс къласы каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыдис Дзæуджыхъæуы фистæгæфсæддон училищемæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1938-æм азы. Лæвæрд ын æрцыд лейтенанты цин.

Уалынмæ райдыдта Финнаг хæстон кампани æмæ дзы Ханджери архайдта куыд взводы командир. Æрыгон командир уыцы хæсты бахсыст удыхъæдæй æмæ буарæй. Æмæ дарддæр службæ кодта æфсады рæнхъыты Литвайы.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд та Ханджерийы бахъуыдис хæцгæ-хæцын фæстæмæ здæхын. Афтæмæй схæццæ ис Хъырыммæ. Уым уæззау хæстыты цы стыр лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд «Æхсардзинады тыххæй» майданæй, стæй та фыццаг Сырх Стъалыйы орденæй.

Хостыхъоты Ханджерийы фæндæгтæ ацыдысты Украинæйыл, хæцыдис Польшæйы, Болгарийы, Румынийы территоритыл. Фæстагмæ архайдта Чехословаки ссæрибар кæныны хæстыты. Польшæ ссæрибар кæныны хæстыты йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджынгонд азрцыд Сырх Стъалыйы дыккаг орденæй.

Чехословакийы цæгатаг хайы хъæды æмбæхст уыдис егъау æфсæддон хæйтты иугонд. Уыдон хъавыдысты Прагæ срæмудзынмæ. Фæлæ сын сæ фыдвæнд фехæлдтой размæбырсæг советон хæстонтæ. Æрхъула сыл кæнгæйæ, советон æфсæдцонтæ уацары райстой мингай фашистон салдæтты. Æмæ ам Ханджери хорзæхджынгонд æрцыд æртыккаг орденæй. Уыимæ йын лæвæрд æрцыд Сталины арфæйы фыстæг.

Стыр Уæлахизы бон Ханджерийы æрыййæфта Берлины. Ам ын лæвæрд æрцыд хистæр лейтенанты цин дæр.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы ахицæн, уæд Ханджери дæр ссыди йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Æрцард Бирæгьзæнджы. Æдзæллаг уавæры уыдис уыцы хъæуы колхоз. Хъуыдис æй къахыл слæууын кæнын. Ханджерийы равзæрстой сæрдарæй. Æмæ та ацы ран дæр Ханджери равдыста стыр лæгдзинад. Уыдис хорз, арæхстджын разамонæг æмæ уый фæрцы колхозонты бон бацис цыбыр рæстæгмæ уавæр банывыл кæнын.

Хæсты ветеран ма уый фæстæ дæр бирæ рæстæг фæфæллой кодта адæмон хæдзарады. Стыр хъомыладон куыст кодта кæстæр фæлтæрты ’хсæн.

Ханджери йæ хъæубæсты ’хсæн кадджын лæгыл нымад у. 2005-æм азы йыл сæххæст 86 азы.

Рынчын у. Æртыхстысты йыл йæ хæстон хъæдгæмттæ. Арæхдæр хуыссæны вæййы. Йæ бинонтæ йын сарæзтой куывд. Куывды рæстæг Ханджери, гаджидау зæгьыны бар æм куы ’рхауд, уæд стыр арфæ ракодта йæ чындз Быдтаты Мæдинæтæн. Тынг хорз зилы хæсты æмæ фæллойы ветеранмæ.

Ханджерийæн ис хорз кæстæртæ — цот æмæ цоты цот, тынг уарзынц сæ зæронд дадайы. Йæ цуры сты æмæ сæ йæ зæрдæ райы.