Хохы дзуар
Хохы дзуар[1] кæнæ Тербаты дзуар[1] у дзуар Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Гуыркъуымтыкомы Тъæбæгъæумæ ’ввæхс.
Æвдыст цæуы куыд аграрон дзуар. Уӕлдай кадджын у Иры хӕхбӕсты. Хохы дзуар дӕтты хоры тыллӕг. Хъахъхъӕны фос низтӕй ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕй. Адӕммӕ куы смӕсты вӕййы, уӕд рауадзы их ӕмӕ сын сӕ хуымтӕ ныццӕгъды; рауадзы тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ ракӕлынц лами дурзӕйтӕ, ралӕбырынц хохы фӕхсътӕ. Афтӕ нымадтой, зӕггӕ, Хохы дзуар цӕры Гуыркъуымтӕгомы, йӕ кувӕндоны, уӕлӕуӕз, хӕхты. Сӕрд йӕ кувӕндоны кодтой куывд. Æргӕвстой уӕрыкк ӕмӕ табу кодтой бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.[2]