Тъæбæгъæу[2] (Тъæпæнхъæу) у æдзæрæг хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.

Хъæу
Тъæбæгъæу
42°41′14″ с. ш. 44°04′42″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 1[1] адæймаг (2010)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 363202
Тъæбæгъæу (Уæрæсе)
Тъæбæгъæу (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Истори

ивын

Гуыркъуымты комы рæбинаг хъæутæй иуы, Лйайы доны рахиз былыл, Тъæбæгъæуы цардысты Дзидахантæ æмæ Бырнацтæ. Сæ фарсмæ, рагон стыр бæласы цур ис Бырнацты кувæндон. Сæ бынмæ доны тæккæ был хæлар суар — мæст. Йæ уæле Майрæмы кувæндон. Сæ комкоммæ, фæтæны, Нары æппæт хъæуты иумæйаг кадджын кувæндон Хохы дзуар. Ардæм июлы мæйы æмбисы канд Нары кæмтты цæрджытæ нæ, фæлæ Туалгомы иннæ кæмттæй дæр цыдысты куывдмæ. Алы Нарон хæдзар дæр кодта кусарт, уымæн йæ рахиз фарс, физонæг, æртæ уæливыхы æмæ арахъы дурынимæ хаста дзуары бынмæ. Сылгоймæгтæ æмбырд кодтой Лйайы был Майрæмы кувæндоны раз. Хохы дзуары бынмæ цæуын сылгоймæгтæн не ’мбæлди. Уыцы бон Тъæпæгъæуы æмæ Гуыркъуымты комы æппæт цæрджыты стыр бæллиц уыдис фылдæр уазджытæ сбуц кæнын. Дыгай-æртыгай бонты æхсæвæй-бонæй не’нцадысты зард æмæ æмдзæгъд. Фæндыры зæлтæ æмæ зарæджы мелоди арыдтой комы. Æз лæгдæр оныл уыдис фæсивæды кафт æмæ зард. Бырнацты æхгæд мусы топпыхосы фæздæг къуыримæ нæ сысти. Ам хъазты алы хорз кафæгæн кад кæнгæйæ нæ ауæрстой сæ ливорты гилдзытыл. Зæхмæ æхсджытæ хæрдмæ калдтой мусы сыджыт, цармæ æхсджытæ дæлæмæ згъæлдтой цары сæг.[3]

Мыггæгтæ

ивын

Цардысты дзы Бырнацтæ æмæ Дзидахантæ.[4]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. 286 ф.
  3. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 115—116.
  4. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 244 ф.