Хъалнæгътæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Дыгургомы.

Хъæу
Хъалнæгътæ
42°56′56″ с. ш. 43°48′24″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 22[1] адæймаджы (2010)
Хъалнæгътæ (Уæрæсе)
Хъалнæгътæ (Цæгат Ирыстон)

Истори

ивын

Гъæу æвæрд æй Айгомуги донæн æ рахес фарс, Уæхъæци гъæумæ хæстæг. Гъæуи фиццаг цæргутæ сæ хæдзæрттæ исаразтонцæ тегъæбæл, Хонсари ци минкъий æндзæр адтæй гъæуи буни, уой ба аурстонцæ хумзæнхитæн. Се ’гуæрдæнтæ, уæдта сæ фонси хезнитæ ба адтæнцæ гъæумæ идард Уорс хонхи рæбунти. Уонæн сæ устурдæртæ — Тумæн, Цъахти хæра, Кафуни адагæ, будури ба — Саугъæди æрдозæ. Паддзахи фæндаг æма Айгомуги дон гъæумæ хæстæг ке адтæнцæ, алли афони дæр сæмæ уæрдун ке зилдæй, уомæ гæсгæ Хъалнæгъти гъæуи цæргутæн сæ царди уавæртæ Хонсарварс синхаг гъæути цæргутæй адтæнцæ дзæвгарæ хуæздæр.[2]

Мыггæгтæ

ивын

Цардысты дзы Мæрзойтæ, Сагкатæ, Цохътæ.[3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 183.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. 241 ф.