Централон Африкæйы Республикæ
Централон Африкæйы Республикæ (ЦАР) (фр. Republique Centrafricaine, санго Ködörösêse tî Bêafrîka) у Централон Африкæйы паддзахад, æнæ денджызмæ бацæуæн. Йæ сыхаг бæстæтæ сты Судан, Демократон Республикæ Конго, Республикæ Конго, Камерун æмæ Чад. Дунейы мæгуырдæр паддзахæдтæй иу.
| |||||
Девиз: «Unité, Dignité, Travail (Иудзинад, Джелбетт, Фæллой)» | |||||
Гимн: «La Renaissance» | |||||
Хæдбар сси | 1960 Францæй | ||||
Æвзаг | францаг, санго | ||||
Сæйраг сахар | Банги | ||||
Стырдæр сахартæ | Банги | ||||
Хицауиуæджы хуыз | республикæ | ||||
Президент Премьер-министр |
Франсуа Бозизе Фостен-Аршанж Туадера | ||||
Фæзуат | 622 984 км² | ||||
Доны процент | 0 | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2005) • Æнгомад |
3 799 897 ад. 6,1 ад./км² | ||||
ÆМП • Æдæппæт (2005) • Иу адæймагмæ |
дунейы 156-æм 4 453 млн. $ 391 $ | ||||
Валютæ | КФА-йы франк | ||||
Интернет-домен | .cf | ||||
Телефонон код | +236 | ||||
Сахатон таг | +1 |
Республикæйы цæрынц 4,4 милуан адæймаджы бæрц. Сæ нымæцмæ 1,5% æфты алы аз дæр. Астæуккаг царды дæргъ у æрмæст 44 азы.
Паддзахады бындуæвæрæгыл нымад у Бартелеми Богандæ. Фыццаг президент уыд Давид Дако. Дакойы йæ бынатæй рацух кодта Жан-Бедель Бокассæ, дунейы историйы зындгонддæр диктатортæй иу. Суанг йæ фыдгулты дзидза дæр хордта. Бокассæйы аппæрстой францаг десантæгтæ 1979 азы сентябры.