Цъæйтæ
Цъæйтæ[1] кæнæ Цæйтæ[2], Чиатæ[3] (уырыс. Цаевы[1], Чиаевы[2]) сты ирон мыггаг, цардысты Æрдзынарæджы.[4][2]
Истори
ивынАцы мыггаг цæуы Цъæйы хъæуы номæй æмæ, таурæгъмæ гæсгæ, равзæрд мæнæ афтæ: Цъæйтæ цардысты Громæй мидæгдæр хæххон хъæу Лекъуаны. Сæ адджын сыхæгтæ уыдысты Къудухтæ. Цъæйтæй иу хъæбатыр лæппу арæх цыд Цъæйы коммæ йæ хæстæджытæм. Уым бауарзта иу чызджы æмæ йæ ракуырдта. Лæппу йæ каистæн стыр аргъ кодта, арæх сæм цыдис, æмæ-иу дзырдта «Цъæймæ». Ахæм дзуапп лæвæрдта, фæстæмæ-иу куы æрыздæхт, уæд дæр æмæ йæ адæм дæр хъазгæйæ фæцъæй кодтой. Фæстагмæ уыцы фæсномыг сфидар æмæ дзы равзæрд мыггаг Цъæйтæ. Ацы мыггаг цæуы Цъæйы хъæуы номæй. Дзырд «Цъæй» æнæзæрдæмæдзæугæ кæй у, уый тыххæй йæ аивтой Чиатæй. Мыггаджы равзæрдыл ма ис æндæр таурæгътæ дæр. Сæ иумæ гæсгæ, Лекъуаны цы Цъæйтæ цæры, уыдон раздæр цардысты Цæгат Ирыстоны Цъæйы хъæуы. Уырдыгæй ралыгъдысты Хуссар Ирыстонмæ.
Иннæ таурæгъмæ гæсгæ, Цъæйтæ раздæр уыдысты Цуцитæй, цардысты Наргомы.
Æртыккаг таурæгъмæ гæсгæ, Цъæйтæ раздæр уыдысты Цоцитæй, цардысты Ортъеуы (Хуссар Ир). Ам цыдæр знаггад ракодтой æмæ дыууæ æфсымæрæй ралыгъдысты Лекъуанмæ. Лекъуаны уыд дынджыр дур, уымæй сæрдæй-зымæгæй тагъд дон. Æфсымæртæй сæ иуы бинойнаг загъта: ацы дурæн цæуы йæ цъæй. Уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Цъæйтæ. Мыггаг чысыл у, уырыссагау фыссынц «Чиаевы».[3]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
- ↑ 2,0 2,1 2,2 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 222, 261 ф.
- ↑ 3,0 3,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
- ↑ Дудайты Г.Д. Бихъаргом. – Цхинвал: Республика, 2012 – 76 с.