Шанидзе, Акакий Гаврилы фырт

Ака́кий Гаври́лы фырт Шани́дзе (гуырдз. აკაკი გაბრიელის ძე შანიძე; райгуырдис 1887-æм азы Дæллаг Ногъайы хъæуы Озургеты уезды Кутаисы губернæйы[2] — амардис 1987-æм азы Тбилисы) уыд гуырдзиаг филолог, лингвист, литературæйы историк, фольклорист; Советон Цæдисы Зонæдты академийы уæнг-корреспондент 1939-æм азæй, Гуырдзыстоны ССР-йы Зонæдты академийы академик (1941).

Акакий Гаврилы фырт Шанидзе
гуырдз. აკაკი გაბრიელის ძე შანიძე;
Райгуырды датæ 14 (26) февралы 1887
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1987-æм азы 29 мартъийы(1987-03-29)[1] (100 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз филологи, ӕвзагзонынад æмæ кавказзонынад
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн филологон зонæдты доктор[d]
Зонадон разамонæг Николай Марр
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Къухфыст Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Акакий Шанидзе уыд йæ ныййарджыты цыппæрæм фырт[3], кæсын-фыссын базыдта йæ хистæр æфсымæртæй. Каст фæцис Кутаисы дины училище (1903).

Уый фæстæ ахуыр кодта Бетъырбухы университеты, у Николай Марры ахуыргæнинаг, фæлæ йæ æвзагзонынады теоритæй дард лæууыдис.

1918-æм азы уыд Тбилисы университеты бындурæвæрджыты ’хсæн, стæй дзы фæкуыста 70 азмæ ’ввæхс. 1920-æм азы 9-æм майы уыд, уыцы университеты йæ докторы диссертаци чи бахъахъхъæдта, фыццаг ахæм ахуыргонд.

 
Гуырдзыстоны ССР-йы Зонæдты академийы фыццаг президиум: галиæуй рахизырдæм: Корнелий Кекелидзе, Николай Кецховели, Николай Мусхелишвили (сæрдар), Симон Джанашиа, Георгий Ахвледиани, Филипп Зайцев; лæууынц: Александр Джанелидзе, Тарас Кварацхелия, Арнольд Чикобава, Георгий Чубинашвили, Акакий Шанидзе. 1941

1941-æм азы, Гуырдзыстоны ССР-йы Зонæдты академи куы байгом ис, йæ бæлвырд уæнгæй уæйтагъд æвзæрст æрцыдис Акакий Шанидзе.

Шанидзе стыр бавæрæн бахаста XX æнусы картвелологимæ, картвелаг æвзæгты иртасынмæ, канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ ма фæсарæны дæр (йæ ахуыргæнинаг уыдис норвегиаг картвелолог Ханс Вогт); бацæттæ кодта бирæ ног ахуыргæндтæ. Шанидзе мыхуырæй рацæуын кодта рагон гуырдзиаг тексттæ, гуырдзиаг æвзаджы диалектты тыххæй къорд куысты, Кавказы Албанийы тыххæй иртæстытæ.

Шанидзейы редакцийæ джыппæй рацыдис хевсураг æмæ суанаг поэзийы æмбырдтытæ, уый стыр ахъаз фæци гуырдзиаг фольклористикæйæн. Шота Руставелийы «Стайыцармдарæг» дæр уый рауагъта йæ рагон формæйы.

Хæрзиуджытæ

ивын

Йæ бирæ фæлæйтты тыххæй Шанидзе райста хæрзиуджытæ. Удоны ’хсæн

  • 3 Ленины ордены (19.09.1953; 02.03.1967; 20.07.1971)
  • Октябры Революцийы орден (20.07.1971)
  • Фæллойы Сырх Тырысайы орден (10.06.1945)
  • Адæмты хæлæрдзинады орден (17.09.1975)
  • «Кады нысаны» 2 ордены (24.02.1941; 25.02.1987)
  • бирæ майдантæ

Фиппаинæгтæ

ивын

Æддаг æрмæг

ивын