Шенгены бадзырд
(Шенгены зонæ-æй æрвыст)
Шенгены бадзырд у паспортон æмæ таможнæйы контроль аиуварс кæныны тыххæй бадзырд Европæйы цалдæр паддзахады ’хсæн. Æппын фыццаг бадзырд бафыстой Европæйы Цæдисы фондз паддзахады (Бельги, Нидерландтæ, Люксембург, Франц æмæ Герман) 1985-æм азы 14 июны. Бадзырд йæ тыхы бацыд 1995-æм азы 26 мартъийы.
Уæдæй нырмæ Шенгены бадзырдмæ бацыдысты æмткæй 30 паддзахады, арæны контроль аиуварс æрцыд 25 паддзахады:
- Австри
- Бельги
- Венгри
- Герман
- Грекъ
- Дани
- Исланди
- Испани
- Итали
- Латви
- Литва
- Люксембург
- Мальтæ
- Нидерландтæ
- Норвеги
- Польшæ
- Португали
- Словаки
- Словени
- Финлянди
- Франц
- Чехи
- Швейцари
- Швеци
- Эстони
Иумæ уыцы паддзахæдтæ хонынц Шенгены зонæ.
Æддаг æрмæг
ивын- Шенгены бæстæтæ (англ.)
- Шенгенские соглашения и кодекс о границах Архивгонд æрцыдис 1 сентябры 2006 азы. (уырыс.)
- Вопросы и ответы по шенгенской зоне и правилам въезда (уырыс.)