Уайт, Эллен
Эллен Гулд Уайт (англ. Ellen Gould White, чызгон мыггаг у Гармон (Harmon); райгуырдис 1827-æм азы 26 ноябры — амардис 1915-æм азы 16 июлы) уыдис Æвдæм боны адвентистты еклезийы идейон реформатор æмæ æморганизатор.
Эллен Уайт | |
---|---|
англ. Ellen White | |
Гуырæн ном | англ. Ellen Gould Harmon[6] |
Райгуырды датæ | 1827-æм азы 26 ноябры[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1915-æм азы 16 июлы[1][3][…] (87 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Фыд | Robert Harmon[d] |
Мад | Eunice Harmon[d][7] |
Æмкъай | Джеймс Спрингер Уайт[d][4][5] |
Сывæллæттæ | Henry N. White[d][4][5], Эдсон Уайт[d][4][5], Уильям Кларенс Уайт[d][4][5] æмæ John H. White[d][4][5] |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынЭллен Уайт райгуырдис фермертæ Роберт æмæ Юникæ Гармонты бинонты ’хсæн. Йæ ныййарджытæ сæ фыдæлтау уыдысты методистон еклезийы уæнгтæ. Йæ фыццаг азтæ Эллен арвыста чысыл сахар Горхеммæй цалдæр миляйы æддæдæр, штат Мейны.
Эллен æмæ йæ бинонтæ Уильям Миллеры фæдонтæ куы систы, уæд сæ методистон еклезийæ рацух кодтой. Миллер уыдис хицæн методистон къабазы бындурæвæрæг. Иртæста Библийы тексттæ. Апокалипсисы (Ног Фæдзæхст) æмæ Даниилы (Зæронд Фæдзæхст) чингуытæ æмбарынгæнæн текстты цы рагзагъд скодта, уый куы нæ сæххæст ис, уæд Элленæн, йæхи загъдау, уыдис Хуыцауæй раргомæдтæ æмæ цæстылуайæнтæ — йæ цæстытыл ауадис Йесо Чырыстийы бацыд Æрвон Скинимæ, стæй йын Хуыцауæй загъдæуыд, æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй у сабат. Ноджы ма йын бацамындæуыд, адвентизмы доктринæтæм бахæссинаг чи у, ахæм цалдæр ивддзинады. Уыцы цаутæ скодтой сæрæвæрæн Эллены динамонæн-реформæгæнæн архайдæн.
Адвентистты ахуырадмæ гæсгæ, Элленæн Хуыцауæй цы раргомæдтæ æмæ цæстылуайæнтæ уыдис, уыдон скодтой бындур адæмы раздæхтмæ ног æмæ æнæниз царды фæткмæ, Хуыцау æмæ адæмы ’хсæн раст ахастдзинæдтæм; уæдæй фæстæмæ ма рапарахат ис Æвдæм боны адвенистты еклезийы миссионерон архайд.
Эллен Уайт у бирæ динон фæллæйттæ æмæ историон компиляциты автор.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Ellen Gould Harmon White // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Ellen White // Babelio (фр.) — 2007.
- ↑ Ellen Gould Harmon White // FemBio database (нем.)
- ↑ 4,0 4,1 4,2 4,3 4,4 4,5 Ellen Gould Harmon White // Find a Grave (англ.) — 1996.
- ↑ 5,0 5,1 5,2 5,3 5,4 Ellen Gould White (Harmon) // Geni (цалд.) — 2006.
- ↑ Ellen Gould Harmon White // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Numbers R. White, Ellen Gould Harmon // American National Biography Online (англ.) / S. Ware — [New York]: Oxford University Press, 2000. — ISSN 1470-6229