Акъотæ
Равзæрд
ивынАкъоты абоны хистæртæ дзурынц, зæгъгæ, дам, Акъо уыд Бадилайы æфсымæр, цардысты Мæхческы, фæлæ ам бирæ нæ бафæстиаг сты, æрцардысты, Задæлеск кæм ис, уым, ныры Задæлескæн йæ цæгатварс. Акъойæн, дам, йæ мард дæр æвæрд ис Задæлескы уæлмæрдты.
Дыгургомы Бадилаты тыххæй ма ис ахæм таурæгъ дæр, зæгъгæ, дам, Бадила йæ хистæр æфсымæр Акъоимæ XVII-XVIII æнусты рацыдысты Гуырдзыйæ Дагъестанмæ, уырдыгæй та Цæгат Ирыстонмæ. Цæгат Ирыстоны хæхты рацу-бацу фæкодтой æмæ æрбынат кодтой Дыгуры комы Тъæпæн Дыгуры.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.