Бердитæ кæнæ Бердиатæ[1] (уырыс. Бердиевы) сты дыгурон мыггаг.

Истори

ивын

Сырх Дыгуры цæрæг Бузойты Самелы фырт Тъох йæ амæлæты фæстæ цы таурæгъ ныууагъта, уымæ гæсгæ Бузойтæ, Бердиатæ, Гардантæ, Махъотæ, Малитæ æмæ Бæлотæ сты æрвадæлтæ. Равзæрдысты сæ фыдæл Омархатæй. Омархатæн уыд дыууæ фырты: Берди æмæ Сох. Бердийæн уыд дыууæ фырты: Мали æмæ Бæло. Бердийæн йæхи номæй равзæрд мыггаг Бердиатæ. Йæ фыртты нæмттæй та: Малитæ æмæ Бæлойтæ. Сохы фыртты нæмттæй та равзæрдысты мыггæгтæ: Бердиатæ, Бузойтæ, Гардантæ æмæ Махъотæ. Адон сты хæстæгдæр æрвадæлтæ — иу фыды цæуæт. Малитæ æмæ Бæлойтæ сты ацы цыппар мыггагæн дарддæр æрвадæлтæ. Бердиатæ, Гардантæ æмæ Махъотæ раджы кæддæр фæлыгъдысты Æхсæуы хъæуæй быдыры хъæутæм, иннæтæ цардысты Стыр Дыгуры: Бузойтæ — Æхсæуы, Бæлойтæ — Æхсæрджыны, Малитæ — Москийы.

Таурæгъмæ гæсгæ, Æхсæуы цæрæг Махъотæ æмæ Мæстынокы цæрæг Махъотæ кæрæдзийæн хæстæг не ’сты. Мæстинокы Махъоты фыдæл цард Уæхъæцы, уыд Баслухъы фырт Хатай. Æхсæуы Махъоты фыдæл та уыд æхсæуыхъæуккаг Омархаты фырт Берди.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Литературæ

ивын
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 52–53.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 44.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 77–78.