Герман[1] (нем. Deutschland), официалон æгъдауæй Германы Федеративон Республикæ[1] (нем. Bundesrepublik Deutschland), у Астæуккаг Европæйы федералон парламентон республикæ. Бæстæйы ис 16 зæххы, æмæ йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Берлин. Герман ахсы 357 021 квадратон километр æмæ у Европæйы стырдæр бæстæтæй иу. 82 милуан цæрæгимæ у Европæйы Цæдисы цæрæгджындæр бæстæ. Герман у Европæйы стырдæр политикон æмæ экономикон тых.

Германы Федеративон Республикæ
Bundesrepublik Deutschland
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Einigkeit und Recht und Freiheit»
«Иудзинад, æмæ бар, æмæ сæрибардзинад»
Германы паддзахадон гимн
Официалон æвзаг немыцаг1
Сæйраг сахар Берлин
Стырдæр сахартæ Берлин, Гамбург, Мюнхен, Кёльн
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Территори
 • Æдæппæт 357 022 км²
 • Доны уæлцъары % 2,18
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 81 292 400 ад.
 • Æнгомад 232,3 ад./км²
ÆМП
 • Æдæппæт (2006) 2 609 000 млн. долл.
Валютæ евро
Интернет-домен .de
Код ISO DE
ÆОК-ы код GER
Телефонон код +49
Сахатон таг +1
1 Литературон немыцаг æвзаджы бындур у уæллаг немыцаг диалект. Даниаг, лужицаг, фризаг æмæ цигайнаг æвзæгтæ официалон æгъдауæй сты националон къаддæрæдты æвзæгтæ. Дæллаг немыцаг æвзаг у регионон диалект.
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Герман у Европæйы Цæдисы бындурæвæрджытæй иу æмæ хауы Евро æмæ Шенгены зонæмæ. Уый йеддæмæ хайад исы ахæм æхсæнадæмон организациты, куыд ИНО, G7, НАТО æмæ æнд. Рæстæгæй рæстæгмæ исы хайад ИНО-йы Æдасдзинады Ныхасы.

Истори

ивын
 
Германы дихтæ посты индексы фыццаг цыфрæмæ гæсгæ (PLZ). Цъæх хæххытæ сты федералон зæххыты арæнтæ.

Дыккаг дунеон хæсты фæстиуæгæн 1990-æм азы 18 мартъийы агъоммæ Герман уыдис дыууæ паддзахады: ГФР æмæ ГДР. Кæс Германы иугонд.

Демографи

ивын

Германы стырдæр сахартæ сты Берлин (3424,7 мин адæймаджы), Гамбург (1773 мин), Мюнхен (1315 мин) æмæ Кёльн (996 мин).

Германы цæрджытæй 6 милуаны бæрц дзурынц уырыссагау, уыдонæй 3 милуаны бæрц сты Советон Цæдисæй ралидзгæ адæм[2] (уæрæсейаг немыц æмæ сæ бинонтæ).

Кæс статьятæ

ивын

Галуæнттæ æмæ фидæрттæ

ивын

Историон бæрæг арæстытæ

ивын

Аргъуантæ æмæ кувæндæттæ

ивын

Ландшафттæ æмæ æндæр рæсугъд бынæттæ

ивын

Техникæ æмæ культурæ

ивын

Æддаг æрмæг

ивын


Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Русско-осетинский словарь: около 25 000 слов/сост. В.И. Абаев. — Изд. 3-е. Владикавказ: Ир, 2013 — 487 с.
  2. Доклад Министерства иностранных дел Российской Федерации «Русский язык в мире», Москва, 2003 год (уырыс.)