Джелытæ
(Джеллытæ-æй æрвыст)
Равзæрд
ивынУрстуалтæм ралыгъдысты Куырттаты комы Дзуарыхъæуæй. Уым Чъерджиаты мыггагæй фæхицæн сты Джелы, Гæбуа æмæ Гаха. Уыдонæй иутæ æрцардысты Куырттаты комы Барзыхъæуы, иннæтæ æфцгуытыл ахызтысты Хуссар Ирмæ æмæ æрцардысты Уæллаг Ерманы æмæ Ходзы. Равзæрди сæ мыггæгтæ — Джелытæ, Гæбуатæ, Гахатæ. Барзы хъæуы Джелытæй фæдих сты дыууæ æфсымæры байзæддаг æмæ сæ рауади дыууæ мыггаджы — Гелдытæ æмæ Гæджынтæ. Джелытæй Гуырдзыстонмæ чи афтыд, уыдон та фыссынц Гелдиашвилитæ. Афтæмæй Чъерджиатæ, Гæбуатæ, Джелытæ, Гелдытæ, Гахатæ, Гæджынатæ, Гелдиашвилитæ сты æрвадæлтæ.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 88–89.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 71.