Ирон рауагъдадон æхсæнад Калачы

Ирон рауагъдадон æхсæнад: 1906 азы Тбилисы (Калачы) цæрæг ирæттæ байгом кодтой «Ирон рауагъдадон æхсæнад». Ацы æхсæнады активон архайджытæ уыдысты Джиоты Георги æмæ Цабайты Уасо. Æхсайæм азты уыдон радзырдтой:

Цæмæй Тбилисы цæрæг ирæттæ национ культурæйы артдзæст ссыгьтаиккой, уый тыххæй ирон адæмы хуыздæр минæвæртты хъуыдис æрæмбырд кæнын. Цалдæр хатты бафæлвæрдтам, фæлæ хицауад бар нæ лæвæрдта. Уæд æрымысыдыстæм куывд скæнын. Фыццаг куывд скодтам 1905 азы Муштаиды парчы, фæлæ паддзахы хъузонтæ нæ уаелхъус кæй абадтысты, уый аххосæй нын скæнын ницы бантыст. Дыккаг куывды дæр — афтæ. Уæд æртыккаг куывд скодтам 1906 азы Авгъаламæ хæстæг тыгьд быдыры. Ацы куывды сфидар кодтой ирон рауагъдадон æхсæнады правленийы сконд æмæ устав.

Æхсæнад 1906 азы Тбилисы сарæзта ирон драмкъорд, кæцы ирон æвзагыл æвдыста спектаклтæ. Æхсæнады правлени бахатыд бынæттон хицауадмæ ног ирон газет рауадзыны тыххæй дæр. Газет рауадзынæн бар радтой 1907 азы 13 февралы. Тбилисы ирон газет «Ног цард»-ы фыццаг номыр рацыд 1907 азы 6 мартъийы.

Газет «Ног цард»

ивын

Ирон æвзагыл ацы газет уыди дыккаг (фыццаг ирон газет — «Ирон газет» — мыхуыры рацыд 1906 азы). Газет «Ног цард»-ы фыццаг номыры тираж уыди 400 экземпляры, фæстæдæр тиражы нымæц схызти 1800 экземплярмае.

Фыццаг номырæй æвддæсæм номырмае газеты редактор уыди Тедеты Бетъре, уый фæстæ Цхуырбаты Тадиоз. Газетæн скодтой сæрмагонд рубрикæтæ: хицауады бардзырдтæ, литературæ, æхсæнадон-политикон фарстатæ, хроникæ, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны цард, мыхуырад, литературон критикæ æмæ библиографи, фельетонтæ, лекцитæ, театр æмæ аивад, медицинæ, хъæууон хæдзарады фарстатæ æмæ а. д. Мыхуыры ног оргæн карз тох расидти зианхæссæг рагон æгьдæутты ныхмæ (туг исыны æгъдау, ирæд æмæ æнд.).

Журнал «Æфсир»

ивын

1910 азы уалдзæджы Тбилисы цæуын райдыдта дыккаг ирон журнал «Æфсир». Журналæн йæ редактор уыди Коцойты Арсен. Журнал рауадзыны тыххæй Тифлисы губернатор хъусын кодта: «...Сам от себя разрешил Коцоеву издавать журнал Æфсир» по следующей программе: 1) руководящие статьи; 2} стихотворения, новеллы, рассказы; 3) статьи научного содержания; 4) статьи по вопросам общественным политико-экономическим. сельского хозяйства и гигиены: 5) хроника; 6) обзор печати: 7) смесь: В) библиография: 9) объявления».