Къарджиатæ (уырыс. Каргиевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Къарджиаты æппæты фыдæл хуынди Цорæ. Цорæйæн райгуырди цыппар фырты: Епре, Арбай, Бакар, Созырыхъо. Йæ ус уыди Уарзиаты чызг. Цардысты Цымытийы. Цымытийы мыггаг та дихтæ кодтой Тази, Хъæлог, Бадзи æмæ Дадыг. Уыдон æфсымæртæ уыдысты. Тазийы цот уыдысты: Къарджиатæ, Талханатæ, Дзогкатæ, Гаппоатæ, Хъаратæ, Хъазитæ, Дзтиатæ. Уый фæстæ ныддихтæ сты мыггæгтæ. Уыдонæй иу фыды цот уыдысты: Дзогкатæ, Гаппоатæ æмæ Къарджиатæ. Къарджиатæй чызг чындзы нæ цыди, цалынмæ Гаппоатæм бацыдаид, æмæ йын уыдон æртæ чъирийæ скуывтаиккой, нæ чызг фæндараст фæу, зæгъгæ, уæдмæ.

Науæд та Гаппоатæй чызг куы цыдаид, уый та фæндараст кæнынмæ цыд Къарджиатæм. Ныртæккæ дæр æрвадыл нымайынц сæхи Дзокатæ æмæ Гаппоатимæ. Къарджиатæ цардысты хохы Куырттаты комы Цымытийыхъæуы. Уым сын зæхх фаг кæй нæ уыдис, уый тыххæй балыгъдысты Хидыхъусмæ. Бинонтæ бонæй-бон фылдæр кодтой, мыггаг дæр афтæ, сæ зæхх та къуындæгæй къуындæгдæр кодта æмæ та Къарджиатæй иу цалдæр хæдзары алыгъди Мæздæджы лæгъз быдыртæм, ам æрцардысты. Сæ иутæ та ралыгъдысты Хъæдгæронмæ, стæй Хæтæлдонмæ. Хуссар Ирмæ дзы чи афтыд, ахæмтæ дæр дзы ис.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.